Авари рынчындоны цур Цхинвалы: ис дзы фӕцӕфуӕвӕг

© Пресс-служба МВД РЮОАвари рынчындоны цур Цхинвалы
Авари рынчындоны цур Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авари ӕрцыд дыццӕджы райсомӕй 10 сахатыл Ирӕтты уынгыл

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik. Цхинвалы цӕрӕг хӕдтулгӕ "Volkswagen Golf"-ыл, республикон соматикон рынчындонӕй раскъӕргӕйӕ, фехӕлдта фӕндагон змӕлды уагӕвӕрд ӕмӕ сӕмбӕлд хӕдтулгӕ "Volkswagen Passat"-ыл, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры аварийы фӕстиуӕгӕн ссыгъд хӕдтулгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры аварийы фӕстиуӕгӕн ссыгъд хӕдтулгӕ

Авари ӕрцыд дыццӕджы райсомӕй 10 сахатыл Ирӕтты уынгыл.

"Цхинвалы 52-аздзыд цӕрӕг хӕдтулгӕ "Volkswagen Golf"-ыл, республикон соматикон рынчындоны территорийӕ раскъӕргӕйӕ, нӕ радта фӕндаг ӕмӕ сӕмбӕлд хӕдтулгӕ "Volkswagen Passat"-ыл, кӕцыйы скъӕрдта горӕты 37-аздзыд цӕрӕг. Фӕндагон-транспортон цауы фӕстиуӕгӕн "Volkswagen Golf"-ы 59-аздзыд пассажир-сылгоймаджы буары цӕфтимӕ баскъӕфтой республикон соматикон рынчындонмӕ", — хъусын кӕны уагдон.

Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, дыууӕ шофыр дӕр кӕй уыдысты ӕрвонг.

Ног хабӕртты лентӕ
0