SputnikPro: Хуссар Иры бакодтой ног ахуырадон проект

© Sputnik / Наталья АйриянSputnikPro: Хуссар Иры бакодтой ног ахуырадон проект
SputnikPro: Хуссар Иры бакодтой ног ахуырадон проект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг мастер-классы ХИПУ студенттӕн радзырдтой, куыд ӕмӕ цӕмӕ ӕрцыд арӕзт Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны, Sputnik пресс-центры къуырисӕры ацыд ног ахуырадон проект SputnikPro-йы фӕлгӕтты фыццаг мастер-класс.

SputnikPro у иууыл хуыздӕр уӕрӕсейаг медиаменеджерты ӕмӕ раздзӕуӕг специалистты презентацитӕ ӕмӕ мастер-классты сери.

"Ахуырадон проект SputnikPro арӕзт ӕрцыд Sputnik Хуссар Ирыстоныл ӕртӕ азы сӕххӕсты цытӕн. Мах ӕрхуыдтам ацы проекты хайад райсынмӕ журналистты профессионалон ӕхсӕнад, пресс-службӕты кусджыты ӕмӕ ХИПУ-йы студентты. Уырны нӕ, ацы проект кӕй уыдзӕн цымыдисон ӕмӕ пайдаджын", — радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны разамонӕг Виталий Раднаев.

Журналистикӕйы нысан ӕмӕ хӕслӕвӕрдты фӕдыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студенттӕн радзырдта радио Sputnik сӕргълӕууӕг Алексей Орлов. Цымыдисон мастер-класс цыд сахат ӕмӕ ӕрдӕг.

© Sputnik / Наталья АйриянАлексей Орловы мастер-класс
Мастер-класс Алексея Орлова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алексей Орловы мастер-класс

Орлов радзырдта хъусджытӕн, цы миниуджытӕ хъуамӕ уа ныры журналисттӕм, афтӕ ма сын радзырдта, ДИФ райрӕзт йӕхӕдӕг куыд уыны ӕмӕ проект Sputnik-ы арӕзтады нысаниуӕджы тыххӕй.

"Ахӕм проекты арӕзтады хъӕуындзинад мах бамбӕрстам, Хуссар Ирыстоны 2008 азы хӕсты фӕстӕ. Уӕд рабӕрӕг ис, Уӕрӕсе кӕй ӕмбылд кӕны информацион хӕст ӕмӕ нӕ бахъуыд цалдӕр азы, цӕмӕй Скӕсӕны бӕстӕтӕ бамбарой, хӕст ӕцӕгӕй чи райдыдта ӕмӕ Уӕрӕсе цӕмӕн банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад, уый. Нӕ нысан у кусын фӕсарӕнты, цӕмӕй дзурӕм ӕхсӕнадӕмон бонывӕткыл ӕндӕр цӕстӕнгасӕй", — радзырдта Орлов.

Студенттӕ загътой бузныджы ныхӕстӕ организатортӕн цымыдисон проект ӕмӕ ныхасы тыххӕй, ӕмӕ фидарӕй баныфсӕвӕрдтой ӕндӕр мастер-классты дӕр хайад райсын.

© Sputnik / Наталья АйриянАлексей Орловы мастер-класс
Участники мастер-класса SputnikPro - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алексей Орловы мастер-класс
Ног хабӕртты лентӕ
0