Sputnik бакӕндзӕн фанклуб футбол уарзджытӕн

Фанклуб Sputnik
Фанклуб Sputnik - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik футбол уарзджытӕн бакӕндзӕн FanClub спортивон бар "Лига Чемпионов"-ы, цы ран фадат уыдзӕн бакӕсын ӕрмӕст футболы хъӕзтытӕм нӕ, фӕлӕ ма архайын алыгъуызон конкурсты ӕмӕ райсын призтӕ агентадӕй

ЦХИНВАЛ, 19 июн, Sputnik Пресс-службӕ. Сӕйраг спортивон цауы рӕстӕджы ӕхсӕнадӕмон информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстон байгом кӕндзӕн Цхинвалы сӕрмагонд зонӕ футбол уарзджытӕн — Sputnik FanClub. Ӕнӕхъӕн мӕйы спортивон бар "Лига Чемпионов"-ы (Коцты К. уынг, 21) территорийыл уыдзӕн фӕзуат Sputnik FanClub хайадисджытӕн. Футбол уарзджытӕн уыдзӕн фадат ӕрмӕст  матчтӕ, ӕрдӕгфинал ӕмӕ финалон хъӕзтытӕм бакӕсынӕн нӕ, фӕлӕ ма алыгъуызон конкурсты дӕр архайын ӕмӕ призтӕ райсын агентадӕй.

Фанклубмӕ ӕрбацӕудзысты зындгонд ӕхсӕнадон архайджытӕ, культурӕ, спорт ӕмӕ политикӕйы къабӕзты минӕвӕрттӕ, се хсӕн фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы Комитеты сӕргълӕууӕг Зассеты Сергей, футболы тренер Голойты Георгий, Цхинвалы мэр Коцты Алан ӕмӕ ӕндӕртӕ.

"Ацы сӕрды сӕйраг цау уыдзӕн футбол ӕмӕ мах алкӕйдӕр хонӕм хъӕзтытӕм кӕсын немӕ Sputnik FanClub-ы", — банысан кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Виталий Раднаев.

Sputnik FanClub байгом кӕндзысты 19 июны 20:00 сахатыл, ӕмӕ 21:00 сахатыл та райдайдзысты хъазт ӕвдисын. Футбол уарзджытӕн сӕ бон у фынг сӕхиуыл бафидар кӕнын ацы телефонӕй +7 (929) 809-73-04.

Ӕхсӕнадӕмон информацион агентад Sputnik у дунейы иууыл стырдӕр ДИФ-тӕй сӕ иу. Агентад кусы 32 ӕвзагыл. Ӕртӕ азмӕ фӕссоветон тыгъдады бӕстӕты Sputnik сайттӕ бацахстой раззагон бынӕттӕ бынӕттон ДИФ-ты хсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0