Хицауад хыгъдлӕвӕрд ратдзӕн депутаттӕн 2017 азы куысты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламенты хицӕн рабадт нывонд уыдзӕн хицауады куысты фӕдыл хыгъдлӕвӕрдӕн

ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад арвыста парламентмӕ хыгъдлӕвӕрд 2017 азы куысты фӕстиуджыты тыххӕй. Фарст хъуамӕ рахастаиккой парламенты сессимӕ ӕртыццӕджы, фӕлӕ депутат Коцты Игорь бахатыд, цӕмӕй хицауады минӕвӕрттӕм байхъусой хицӕн сессийыл, уый тыххӕй ӕмӕ депутаттӕм фӕзындзӕн бирӕ фарстытӕ.

"Ӕз ӕнхъарын, цӕмӕй хицауады куысты фӕдыл хыгъдлӕвӕрдмӕ ӕркӕсой хицӕн сессийыл. Уый у егъау документ ӕмӕ йыл уынаффӕтӕн бахъӕудзӕн бирӕ рӕстӕг", — загъта Коцты Игорь.

Депутаты хъуыды фӕцыд депутатты фылдӕр хайы зӕрдӕмӕ, се хсӕн спикер Гасситы Петр дӕр.

Парламент хорзыл банымадта Знауыры тӕрхондоны сӕрдары кандидатурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламент хорзыл банымадта Знауыры тӕрхондоны сӕрдары кандидатурӕ

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстоны августы бирӕ мадзӕлттӕ кӕй уыдзӕн, кӕцытӕ сты нывонд 2008 азы хӕсты дӕсӕм афӕдзы бон ӕмӕ республикӕйы хӕдбардзинад банымайыны цытӕн, уымӕ гӕсгӕ депутаттӕ сӕрдыгон каникултӕм ацӕудзысты раздӕр.

"Уыдзӕн тынг бирӕ мадзӕлттӕ, ӕрцӕудзӕн нӕм бирӕ уазджытӕ ӕмӕ мах хъӕуы алкӕцы адӕймаг дӕр. Уый фӕдыл сӕрдыгон каникултӕм мах ацӕудзыстӕм августы нӕ, фӕлӕ июлы. Ӕмӕ уый тыххӕй мӕн фӕнды, цӕмӕй улӕфты размӕ мах ауадзӕм нырма дыууӕ сесси", — загъта Гасситы Петр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, депутаттӕ байхъусдзысты Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад ӕмӕ прокуратурӕйы хицӕн хыгъдлӕвӕрдтӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0