Хуссар Иры арӕныл ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры арӕн
Хуссар Иры арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы арӕнгӕрон режим сӕтджытӕ разындысты Гуры районы Бершуеты хъӕуы цӕрджытӕ

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цӕрӕн пункт Ӕмдзӕрины цур цыппӕрӕмы, 21 июны ӕрцахстой Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фехӕлдтой республикӕйы паддзахадон арӕны режим. Уый тыххӕй хъусын кӕны РХИ паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

"21 июны Ленингоры районы Ӕмдзӕрины цур, РХИ паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй ӕрцахстой Гуырдзыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы: 1999 азы гуырд Джавахишвили Николоз ӕмӕ 1990 азы гуырд Берианидзе Гочайы", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Дыууӕ арӕнсӕттӕг дӕр сты Гуырдзыстоны Гуры районы Бершеуты хъӕуы цӕрджытӕ.

РХИ ПӔК ауагъта равзӕрст, кӕцыйы ӕрмӕджытӕ бадӕттой Цхинвалы районы тӕрхондонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0