Иуӕндӕс президенты: кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Цхинвалы банымады юбилеймӕ

© Sputnik / Ада БагианХӕдбардзинады бон
Хӕдбардзинады бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбонмӕ хуындыл ныридӕгӕн сразы ис Сербаг республикӕйы президент Милорад Додик – уый йӕдтӕмӕ ма фӕхуыдтой ноджы дӕс бӕстӕйы сӕргълӕуджыты

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымадыл 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбонмӕ республикӕмӕ ӕрхуыдтой иуӕндӕс бӕстӕйы сӕргълӕуджыты, фехъусын кодта РХИ президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

День республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ног къамис сорганизаци кӕндзӕн Хуссар Иры юбилейон Банымады бон

Мадзалмӕ, кӕцы уагъд цӕудзӕн ацы аз августы, ӕрхуыдтой Уӕрӕсейы президент Владимир Путин, Абхазы президент Рауль Хаджимба, Венесуэлайы президент Николос Мадуро, Никарагуайы президент Даниэл Ортега, Науруйы сӕргълӕууӕг Дивавеси Вака, Сирийы президент Башар Асад, ДАР ӕмӕ ЛАР-ы сӕргълӕуджытӕ Александр Захарченко ӕмӕ Леонид Пасечник, Днестргӕроны президент Вадим Красносельский ӕмӕ Арцахы сӕргълӕууӕг Бако Саакяны.

Афтӕ ма пресс-секретарь йӕ интервьюйы "Известия"-йӕн банысан кодта, зӕгъгӕ, Хӕдбардзинады бӕрӕгбонмӕ ма гӕнӕн ис ӕрцӕуа Уӕрӕсейы патриарх Кирилл.

"Бибылты Анатолий ма ноджы фӕхуыдта Мӕскуы ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы патриарх Кириллы", — фехъусын кодта Гасситы Дина.

Амӕйразмӕ хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты бӕрӕгбонмӕ хуындыл сразы ис Сербаг республикӕйы президент Милорад Додик.

РХИ Хӕдбардзинад банымады бон нысан кӕнынц 26 августы — ацы бон 2008 азы Уӕрӕсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад. Уӕрӕсейы фӕстӕ республикӕйы суверенитет банымадтой Никарагуа, Венесуэла, Науру ӕмӕ Сири.

Ног хабӕртты лентӕ
0