Хуссар Ир ӕмӕ ДАР ӕмгуыст кӕндзысты ахуырад ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы

© Sputnik / Алексей КовалевЗдание правительства
Здание правительства - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыд делегаци Донецкы Адӕмон Республикӕйӕ, цӕмӕй бафыссой ӕхсӕнуагдонон бадзырд

ЦХИНВАЛ, 22 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕ бафыстой бадзырдтӕ ахуырад ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фадыджы ӕмгуыстады фӕдыл, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Бадзырдтӕ бафыстой Цхинвалы. Ахуырады фадыджы документы бын сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Гасситы Натали ӕмӕ йӕ коллегӕ ДАР-ӕй Евгений Горохов. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл бадзырд та бафыстой ӕмбӕлон уагдӕтты сӕргълӕуджытӕ – Тотчиты Георгий (РХИ) ӕмӕ Александр Опришенко (ДНР).

"Зӕрдӕ райы, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы æхсæн бадзырды фӕстӕ фидар кӕны ӕмгуыстад. Уый нын дӕтты ныфс, дарддӕр дӕр кӕй фидар кӕндзӕн не 'мгуыстад", — загъта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий донецкаг делегациимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Бибылты Анатолий банысан кодта, сомбон бирӕ проекттӕ кӕй реализаци кӕндзысты алыгъуызон фадгуыты.

Бибылты Анатолий Донецкы ӕрдзырдта Донбасс, Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазимӕ ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Донецкы ӕрдзырдта Донбасс, Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазимӕ ӕмгуыстадыл

"Мах нывӕндӕм фӕхонын сывӕллӕтты Донецкӕй улӕфынмӕ Хуссар Ирыстонмӕ. Фарон сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд махмӕ, тынг зӕрдиагӕй цин кодтой сӕ улӕфтыл", — радзырдта паддзахады сӕргълӕууӕг.

ДАР-ы ахуырады министр Евгений Горохов радзырдта президентӕн сӕ республикӕйы ахуырады стыр ӕмвӕзады тыххӕй.

"Мах цӕттӕ кӕнӕм архитекторты, экологон ӕдасдзинады ӕмӕ медицинӕйы специалистты. Хӕсты тыххӕй стыр зиан баййӕфта астӕуккаг ахуырад. Фӕлӕ мах кусӕм, цӕмӕй ацы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнӕм", — загъта министр.

Уазджытӕ бахахх кодтой, кӕй райсдзысты Хуссар Ирыстонӕй абитуриентты ДАР хуыздӕр университеттӕм.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0