Бибылты Анатолий РХИ арӕныл НАТО ӕфсады фӕзынды тыххӕй: мадзӕлттӕ исӕм

© Пресс-служба президента РЮОБибилов облетел границу Южной Осетии с Грузией
Бибилов облетел границу Южной Осетии с Грузией - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг республикӕйы сӕргълӕууӕг банысан кодта, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстон аразы алцыдӕр, цӕмӕй сӕдас кӕна цӕрджыты провокацитӕй

ЦХИНВАЛ, 4 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий загъта йӕ хъуыды Гуырдзыстоны бахызты тыххӕй НАТО-мӕ ӕмӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, республикӕ Уӕрӕсеимӕ иумӕ дарддӕр ӕххӕст кӕндзӕн ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад. Уый фӕдыл паддзахады сӕргълӕууӕг радзырдта портал "Известия"-йӕн.

"Гуырдзыстонӕн ис бар цыфӕнды альянсмӕ дӕр бахизын, Хуссар Ирыстонӕн йӕ бон нӕу цӕлхдур ӕвӕрын сӕ ныхмӕ. Фӕлӕ мах уӕддӕр аразӕм алцыдӕр, цӕмӕй сӕдас кӕнӕм цӕрджыты провокацитӕй ӕмӕ тыхон сценаритӕй. Уый фӕдыл Хуссар Ирыстон аразы Уӕрӕсеимӕ ӕдасдзинады иумӕйаг контур ӕмӕ ист цӕуынц мадзӕлттӕ, цӕмӕй цӕттӕ уӕм, НАТО-йы тыхтӕ  нӕ арӕныл куы фӕзыной, уӕд. Ныртӕккӕ уӕлӕмхас уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕты арӕзтадыл ныхас дӕр нӕ уыд", — загъта президент.

Амӕйразмӕ Гуырдзыстоны премьер-министр Георгий Квирикашвили фехъусын кодта, зӕгъгӕ, НАТО-йы уӕрӕхдзинад республикӕйы фӕрцы гӕнӕн ис уа 2021 азы. Гуырдзыстоны хицауады хъуыдымӕ гӕсгӕ, сӕ республикӕ альянсмӕ куы бахиза, уӕд паддзахад уыдзӕн ӕдасдзинады. НАТО-йы Генералон секретарь Йенс Столтенберг апрелы бахахх кодта, зӕгъгӕ, Гуырдзыстонӕн ис потенциал, цӕмӕй альянсмӕ бахиза.

Хуссар Ирыстон расидт йӕ хӕдбардзинад 2008 азы августы "Фондзбонон хӕсты" фӕстӕ. Паддзахады суверенитет банымадтой, Уӕрӕсе, Сири, Венесуэла, Никарагуа ӕмӕ Науру.

Ног хабӕртты лентӕ
0