Хуссар Иры милицийы ӕрдзырдтой августы мадзӕлтты ӕдасдзинадыл

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры милицийы ӕрдзырдтой августы мадзӕлтты ӕдасдзинадыл
Хуссар Иры милицийы ӕрдзырдтой августы мадзӕлтты ӕдасдзинадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕ банысан кӕндзӕн августы хӕсты дӕсӕм афӕдзы бон ӕмӕ хӕдбардзинады банымады юбилей масштабон мадзӕлттӕй

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Августы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ рахиздзысты фӕтыхджындӕргонд службӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст кӕной 2008 азы хӕсты дӕсӕм афӕдзы бон ӕмӕ республикӕйы хӕдбардзинады банымады юбилейы цытӕн фыдохы ӕмӕ бӕрӕгбонон мадзӕлтты ӕдасдзинад. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

МХМ къухдариуӕгад ӕмбырды ӕрдзырдта мадзӕлтты рӕстӕджы Цхинвалы ӕхсӕнадон фӕтк бахъахъхъӕныны фарстытыл.

Хӕдбардзинады бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иуӕндӕс президенты: кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Цхинвалы банымады юбилеймӕ

"Барадхъахъхъӕнджытӕ ӕрдзырдтой ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕныны организацион ӕмӕ техникон фарстытыл. Бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы сараздзысты организацион-профилактикон мадзӕлтты нывӕзт, тыхты ӕмӕ фӕрӕзты бахыгъд дӕр. МХМ кусджытӕ рахиздзысты фӕтыхджындӕргонд режиммӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Августы Хуссар Ирыстоны уагъд ӕрцӕудзысты масштабон мысӕн ӕмӕ бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ нывонд сты 2008 азы хӕсты дӕсӕм афӕдзы бон ӕмӕ республикӕйы хӕдбардзинады банымады юбилейӕн. Цхнвалмӕ ӕрхуыдтой Уӕрӕсейы президент Владимир Путин, Абхазы президент Рауль Хаджимба, Венесуэлайы президент Николос Мадуро, Никарагуайы президент Даниэл Ортега, Науруйы сӕргълӕууӕг Дивавеси Вака, Сирийы президент Башар Асад, ДАР ӕмӕ ЛАР-ы сӕргълӕуджытӕ Александр Захарченко ӕмӕ Леонид Пасечник, Днестргӕроны президент Вадим Красносельский ӕмӕ Арцахы сӕргълӕууӕг Бако Саакяны.

Ног хабӕртты лентӕ
0