Хуссар Иры ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Тбилис кӕй фехъусдзӕн ОБСЕ-йы эксперты

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Мурæт
Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт ӕрдзырдта ОБСЕ-йы хӕдбар экспертимӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг ӕвзонг адӕмы хъысмӕты фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 11 июл — Sputnik. Цхинвалы ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Гуырдзыстон кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ОБСЕ-йы эксперты рекомендацитӕ Хуссар Ирыстоны ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг ӕмбӕстӕгты агуырды фӕдыл, загъта президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурӕт эксперт Душан Игньятовичимӕ фембӕлды рӕстӕджы.

Ӕххæстбарджын минæвары аппараты фехъусын кодтой, фембӕлды рӕстӕджы эксперт кӕй радзырдта Джиоты Мурӕтӕн йӕ куысты тыххӕй ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕгӕй ӕмбӕстӕгты ссарыны хъуыддаджы.

"Джиоты Мурӕт загъта бузныг экспертӕн йӕ куысты тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, зӕгъгӕ, 2008 азы октябры Хуссар Ирыстоны территорийӕ цы ӕвзонг лӕппуты адавтой, уыдон хъысмӕт базоныны тыххӕй йӕ раздӕры дыууӕ доклады рекомендацитӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн Гуырдзыстоны хицауад", — радзырдтой ӕххæстбарджын минæвары аппараты.

Джиоты Мурӕт банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хъысмӕт базоныны фарст у приоритетон Хуссар Ирыстонӕн, хицауад ратдзӕн стыр ӕхцайы фӕрӕзтӕ йӕ ӕмбӕстӕгты бынат базоныны информацийы тыххӕй.

МИД - Sputnik Хуссар Ирыстон
ФХМ сӕргълӕууӕг ӕмӕ ОБСЕ эксперт ӕруынаффӕ кодтой ӕбӕрӕгӕй фесӕфджыты агурыныл

Афтӕ ма Цхинвалы Игньятович фембӕлд ӕбӕрӕгӕй фесӕфӕг адӕмы хиуӕттимӕ дӕр.

Хуссар Ирыстоны цæрджытæй 2008 азы æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæрæг кæныны тыххæй ОБСЕ æрбахуыдта уголовон равзӕрстыты фӕдыл хæдбар эксперт Душан Игньятовичы.

Игньятович йæ куыстмæ æрæвнæлдта 2015 азы октябры æмæ цалдӕр мӕйы фӕстӕ æрбавдыста йæ рекомендацитæ. Фӕлӕ ныры онг дӕр Гуырдзыстоны къухдариуӕгад йӕ хӕсыл нӕ банымадта ацы рекомендацитӕ сӕххӕст кӕнын ӕмӕ ОБСЕ банымадта ӕнӕмӕнгхъӕуӕгыл эксперты куыст адарддӕр кӕнын.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ӕбӕрӕгӕй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты базоныны фӕдыл куыст райдыдта 2010 азы. Эксперттæ уæд куыд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0