Сау денджызмæ: хуссарирыстойнаг сывæллæтты фӕхуыдтой Хъырыммæ

© Sputnik / Сергей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæХъырым
Хъырым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууæ къуырийы бæрц Сау денджызы былгæрон чысыл уазæгдон "Сакля горца"-йы сæ рæстæг æрвитдзысты Хуссар Иры скъоладзауты иу къорд, уый фæстæ та сæ раивдзысты дыккæгтæ

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг скъоладзауты иу къорд улæфынмæ афæндараст сты Хъырыммæ, фехъусын кодтой Sputnik Ахуырады министрады.

Къорд 45 сыввæллон æмæ фондз хистæры скондæй Хъырымы улæфдзысты дыууæ къуырийы бæрц, уый фæстæ сæ раивдзысты дыккæгтæ.

Скъоладзауты лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скъоладзауты улæфынмæ райста Къуыдаргом

"Не ʻмбæстаг Битеты Эльбрус сарæзта æнхъарæн къаддæр аргъыл сывæллæтты улæфынмæ арвитын Хъырыммæ æмæ сæм ныр бынаты йæ хъус дæр дары. Скъоладзауты улæфты хæрдзтæ фидынц президентон фонд æмæ ахуырады министрад. Уыдон фæстæ та улæфынмæ ацæудзæн дыккаг къорд. Сывæллæттæ æрбынат кодтой Симферопольмæ хæстæг хъæу "Песчаное"-йы, чысыл уазæгдон "Сакля горца"- йы", — радзырдта уæлæмхас ахуырад æмæ хъомылады хайады хистæр Джиоты Эльза.

Уый ма банысан кодта, ахуырады министрад кæй нæ фидар кæны сывæллæтты номхыгъдтæ, уæлæфыны квотæтæ хицæн цæуынц ахуырадон уагдæттæн.

"Номхыгъдтæ мах нæ аразæм, республикæйы æппæт скъолатæн дæттæм квотæтæ æмæ уыдон сæхæдæг скъуыддзаг кæнынц, кæй арвитой улæфынмæ. Раздæрау фыццаг рады æрвыст цæуынц сидзæр æмæ æххуысхъуаг бинонты сывæллæттæ", — бафтыдта уый.

Уазæгдон "Сакля горца" ис денджызмæ хæстæг, сабитæн у дыууæ минуты цыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0