Хуссар Иры бӕрӕг кӕнынц йӕхи амарӕг нӕлгоймаджы ном ӕмӕ мыггаг

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕрдон буар ссардтой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады раздӕры ӕфтауцты цур 9 июлы, нӕлгоймаджы гоймагдзинад нырма не ʻсбӕрӕг кодтой

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ нырма не сбӕрӕг кодтой нӕлгоймаджы ном ӕмӕ мыггаг, кӕцыйы мӕрдон буар ссардтой къуырисӕры, радзырдтой Генералон прокуратурӕйы.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æбæрæг нæлгоймаджы мард ссардæуыд Цхинвалы

Ӕбӕрӕг нӕлгоймаджы мӕрдон буар, кӕцыйыл бакастмӕ гӕсгӕ цыд 50 азы, ссардтой Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады раздӕры ӕфтауцты цур 9 июлы. Тыхмийы миниуджытӕ буарыл не ссардæуыд.

"Фӕдагуырд нырма не ʻсбӕрӕг кодта лӕджы гоймагдзинад. Йемӕ ницы уыд. Барадхъахъхъӕнджытӕ систой марды ӕнгуылдзты фӕдтӕ, фӕлӕ уыдон Мидхъуыддӕгты министрады базӕйы нӕ уыдысты. Афтӕ ма йӕ агургӕ дӕр ничи кӕны", — радзырдтой Генералон прокуратурӕйы.

Барадхъахъхъӕнджытӕ дарддӕр дӕр уадзынц мадзӕлттӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной марды гоймагдзинад ӕмӕ адӕмы, кӕцытӕм ис информаци уый тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0