"Цӕмӕй адӕм уыной фӕстиуджытӕ": Цхинвалы ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйыл

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйыл
Цхинвалы ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рабадт ауагътой Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ республикӕмӕ кусӕгон балцимӕ ӕрцӕуӕг Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр

ЦХИНВАЛ, 16 июл — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы ауагътой рабадт 2018-2019 ӕзты инвестицион программӕйы реализацийы фӕдыл, цы ран хайад иста Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл Уӕрӕсейы министр Сергей Чеботарев.

Раздӕр уӕрӕсейаг чиновник, кӕцы ӕрцыд Хуссар Ирыстонмӕ кусӕгон балцы, фембӕлд президент Бибылты Анатолиимӕ. Чеботарев загъта паддзахады сӕргълӕууӕгӕн, зӕгъгӕ, Уӕрӕсе сӕххӕст кӕндзӕн йӕ хӕсисттӕ республикӕйы раз.

Сергей Чеботарёв - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чеботарев: Уӕрӕсе сӕххӕст кӕндзӕн йӕ хӕсисттӕ Хуссар Иры раз

Рабадты рӕстӕджы Бибылты Анатолий банысан кодта, ныры Инвестпрограммӕ кӕй сӕххӕст кӕндзысты нысангонд ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ егъау бӕрцуаты.

"Фӕнды мӕ баххах кӕнын нӕ иумӕйаг куысты ӕцӕг фӕстиуӕг ацы здӕхты. Мах фӕнд кӕнӕм, Инвестпрограммӕйы мадзӕлттӕ кӕй сӕххӕст кӕндзыстӕм нысангонд ӕмгъуыдмӕ ӕмӕ егъау бӕрцуаты. 2019 азы дӕр нӕ фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм нӕ куысты темптӕ ӕмӕ фӕстиуджытӕ. Ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ 2018-2019 ӕзты Инвестпрограммӕ кӕронмӕ кӕй среализаци кӕндзыстӕм", — загъта президент.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, 2020-2021 ӕзты программӕ ӕмхуызӕн кӕй уынынц, хъӕуы ма дзы бакусын лыстӕгдзинӕдтыл ӕмӕ конкретон архайдтыл.

Сергей Чеботаревы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъӕуы кӕронбӕттӕн скӕнын ныры Инвестпрограммӕйы фыццаг ӕрдӕг азӕн.

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйыл
Совещание по вопросам соцэкономсотрудничества с РФ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ӕрдзырдтой Инвестпрограммӕйыл

Афтӕ ма министр бафтыдта, егъау куыст кӕй цӕуы дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн бадзырды реализацийыл, йӕ фӕлгӕтты бафыстой ӕмӕ ӕххӕст цӕуынц ӕндӕр бадзырдтӕ.

"Сӕ фылдӕр сты социалон ӕмӕ здӕхт сты Хуссар Ирыстоны цӕрджыты уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Ацы бадзырдты финансон бӕрны ӕххӕсты фӕдыл УФ рӕстӕгыл ӕрвиты ӕхцайы фӕрӕзтӕ. Хицӕнӕй мӕ фӕнды ӕрлӕууын 2018-2019 ӕзты Инвестпрограммӕйыл. Мах хъуамӕ иумӕ архайӕм, цӕмӕй адӕм уыной нӕ куысты фӕстиуӕг", — загъта Чеботарев.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ фесты цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ, цӕмӕй саразой проектон-сметон документаци, бацӕттӕ кодтой объектты паддзахадон экспертизӕйы фарстытӕ ӕмӕ радтой аванстӕ, уый та у тынг ахсджиаг, цӕмӕй объектыл куыстытӕ райдайой.

Уый фӕстӕ рабадт адарддӕр ӕнӕ ДИФ-ы минӕвӕрттӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0