Хуссар Иры милицийы криминалисттӕ ӕрдӕг азы куыстӕн сарӕзтой фӕстиуджытӕ

© Пресс-служба МВД РЮО РХИ МХМ экспертон-криминалистон центр
РХИ МХМ экспертон-криминалистон центр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Эксперттӕ-криминалисттӕ архайынц сӕ куысты ног ифтонггарзӕй, се хсӕн адӕймаджы гоймаг бӕрӕггӕнӕн ифтонггарзӕй, банысан кодтой Мидхъуыддӕгты министрады

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) радзырдтой экспертон-криминалистон центры (ЭКЦ) архайды фӕстиуджыты тыххӕй, кӕцыйы специалисттӕ 2018 азы ауагътой цауты бынӕтты 70 басгӕрстӕй фылдӕр, афтӕ ма сӕдӕ экспертизӕйы.

Центры специалистты архайд оперативон-фӕдагурӕн мадзӕлттӕ фӕфылдӕр 33 проценты фаронмӕ абаргӕйӕ, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ ЭКЦ хистӕр Джиоты Эдуарды ныхӕстӕ.

"Ӕрдӕг азмӕ ЭКЦ ауагъта цауы бынӕтты 78 басгӕрсты ӕмӕ 100 экспертизӕйы", — банысан кодтой МХМ.

Пресс-службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, центры хайадисджытӕ уадзынц экспертизӕйы 10 хуызы, сӕйраджыдӕр, ногӕй сфӕлдисынц фыдракӕнды ныв, афтӕ ма ауадзынц баллистикон ӕмӕ химикон экспертизӕтӕ.

ИКЦ ратдзысты рӕстӕгыл: Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар - Sputnik Хуссар Ирыстон
ИКЦ ратдзысты рӕстӕгыл: Арӕзтад бабӕрӕг кодтой Хуссар Иры МХМ хистӕр ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар

Фыдракӕнд раргом кӕныны эксперттӕн-криминалисттӕн ӕххуыс кӕны автоматикон дактилоскопон информацион-агурӕн ситемӕ "Папилон", электронон дактилокартӕты базӕйы фӕрцы та уайтагъд сбӕрӕг кӕнынц адӕймаджы гоймагдзинад ӕнгуылдзты фӕдтӕм.

Иумӕйагӕй, ӕрдӕг азмӕ эксперттӕ-криминалисттӕ ауагътой 55 химикон экспертизӕйы. Уыдонӕй аст ауагътой ног ифттонггарзыл хромато-масс-спектрометры ӕххуысӕй, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной наркотикон ӕмӕ психотропон буарадтӕ. Зайӕгой наркотикон буарадтӕ сбӕрӕг кӕныны тыххӕй та ауагътой 47 экспертизӕйы.

ЭКЦ хистӕры ныхӕстӕм гӕсгӕ, экспертизӕты нымӕц фӕфылдӕр 71 проценты бӕрц фаронмӕ абаргӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0