Ныббарӕн ын нӕй: Тедеты Бахва йӕ ныхмӕ дам-думты тыххӕй

Рафыссын
Уӕрӕсейаг футболы стъалы, ныр та Хуссар Ирыстоны парламенты депутат ӕрсидт, цӕмӕй бафхӕрой адӕмы, кӕцытӕ парахат кӕнынц йӕ ныхмӕ дам-думтӕ

ЦХИНВАЛ, 18 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты депутат Тедеты Бахва телеуынынады эфиры сарӕзта комментарийтӕ, хуссарирыстойнаг ӕхсӕнад ӕмӕ социалон хызты кӕй фӕзынд дам-думтӕ ома йӕ бастдзинады тыххӕй ӕнахъом чызгимӕ, уый тыххӕй.

Тедеты Бахва - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты Бахва Олимпиаг хъæзтыты тыххæй: хъуыддаг ис политикæйы мидæг

Дам-думты тыххӕй ӕхсӕнады райдыдтой стыр хъаугъатӕ. Фӕзынд бирӕ комментарийтӕ — иутӕ зылынджын кодтой политикы, аннӕтӕ та йӕ сӕрыл хӕцыдысты ӕмӕ фыстой, зӕгъгӕ, УФ командӕйы раздӕры ӕнтыстджын футболисты, ныр та парламенты комитеты сӕргълӕууӕджы ном фӕнд кӕнынц счъизи кӕнын.

ПТРК "ИР"-ы эфиры Тедеты Бахва радзырдта, кӕй йӕ фӕнды ӕрсидын йе 'мбӕстӕгтӕм ацы ӕвирхъау хабары фӕдыл.

"Чи федта ацы хабар, уый рахизӕт ӕмӕ ӕргомӕй зӕгъӕт, уымӕн ӕмӕ ахӕм хабар чи ӕмбӕхсы, уый йӕхӕдӕг у фыдгӕнӕг. Кӕд уый рабӕрӕг уа, уӕд уӕ бон у ӕмӕ мӕ фӕзуатыл басудзат. Мӕхӕдӕг ахӕм лӕгӕн афтӕ бакодтаин", — радзырдта Тедеты Бахва.

Политик ӕрсидт барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕм, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной дам-думтӕ парахатгӕнджыты.

"Кӕд ӕмӕ ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ йӕ зонын, кӕй нӕй, уӕд ӕз сидын республикӕйы компетентон службӕтӕм, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной ӕмӕ бафхӕрой дам-думтӕ парахатгӕнджыты. Ахӕм хабар быхсын нӕ хъӕуы, уый тыххӕй ӕмӕ уӕд ис гӕнӕн алкӕцы цытджын адӕймаджы ном дӕр счъизи кӕнын", — загъта депутат.

Парламент, Хуссар Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд хъæуы разæнгард кæнын чемпионты: Хуссар Иры парламент кусы ног законыл

Мидхъуыддӕгты министрад (МХМ) ӕмӕ Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) ныридӕгӕн архайынц ацы хъуыддагыл. Бынӕттон телеуынынады МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игорь фехъусын кодта, зӕгъгӕ, уагдонмӕ нӕй факттӕ, кӕцытӕ сфидар кӕной депутаты ныхмӕ информаци.

"Кусӕм Генералон прокуратурӕ ӕмӕ ПӔК-имӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕнӕм гоймӕгты, кӕцытӕ апарахат кодтой ацы информаци. Уыдоны ӕрбаздӕхдзысты уголовон бӕрнмӕ", — загъта министр.

Ӕвӕццӕгӕн, дам-думтӕ фыццаг парахат кӕнын райдыдтой тагъд ӕххуысы дохтыртӕ, фӕлӕ, тагъд ӕххуысы станцы сӕйраг дохтыр Хъуылымбегты Емзар фидарӕй загъта, зӕгъгӕ сӕм ахӕм сидт нӕ уыд ӕмӕ тагъд ӕххуысы машинӕ никуыдӕм нӕ ацыд ӕмӕ никӕмӕн ӕххуыс кодта.

Ног хабӕртты лентӕ
0