Хуссар Иры президент снысан кодта ХИПУ-йы ректоры

© Sputnik / Наталья АйриянЮОГУ
ЮОГУ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг сфидар кодта ХИПУ-йы ректоры равзӕрстты фӕдыл конференцийы уынаффӕ, кӕцы ацыд 6 июлы

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста указ, цӕмӕй снысан кӕна Тедеты Вадимы Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты (ХИПУ) ректорӕй, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Зонадон-педагогон кусджыты, ӕндӕр кусджыты минӕвӕрттӕ ӕмӕ Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты ахуыргӕнинӕгты Конференцийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, скъуыддзаг кӕнын 2018 азы 6 июлы: снысан кӕнын Тедеты Ботазы фырт Вадимы Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты ректорӕй", — дзырдӕуы президенты указы.

Амӕйразмӕ, 6 июлы, Тедеты Вадимы ногӕй равзӕрстой университеты ректорӕй — йӕ кандидатурӕ йын хорзыл банымадтой сусӕг хъӕлӕсдӕттыны рӕстӕджы ХИПУ-йы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студентты конференцийы 255 хайадисӕгӕй 245.

Фыццаг хатт Тедеты Вадимы равзӕрстой ХИПУ-йы ректорӕй 2013 азы июлы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0