Уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг психиатрийы тыххӕй Хуссар Иры: хъӕуы нӕ клиникӕ

© Sputnik / Наталья АйриянИгорь Галь
Игорь Галь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фарстыты фӕдыл уӕрӕсейаг уынаффӕгӕнӕг Игорь Галь радзырдта Хуссар Ирыстоны психиатрон ӕххуысы уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы психоневрологон диспансер бахаудта критикӕйы бын пациенттӕн бынат скӕныны тыххӕй.

"Психоневрологон диспансер бахаудта критикӕйы бын пациенттӕн бынат скӕныны тыххӕй: хъӕуы фӕфылдӕр кӕнын фӕрӕзтӕ ӕмӕ ӕркӕсын стационарон ӕххуысы фарстамӕ", — банысан кодта Галь.

Уынаффӕгӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы психиатрон ӕххуысы системӕйӕн ис бирӕ зындзинӕдтӕ психиатрон клиникӕ сын кӕй нӕй, уый тыххӕй. Галь банысан кодта, зӕгъгӕ, фыццаг этапыл хъӕуы саразын 12 хуыссӕн уӕззау низтӕй рынчын адӕмӕн.

Ӕрдæгарæзт клиникон рынчындоны хъысмæт

"Психиатрон клиникӕ нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы. Инвестпрограммӕ дарддӕр дӕр кусдзӕн, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕнын, 2019 азы мах кӕй райдаудзыстӕм архайын ацы фарстайыл", — загъта уынаффӕгӕнӕг.

2017 азы информацимӕ гӕсгӕ, Цхинвалы психоневрологон диспансеры хыгъдыл лӕууынц 1727 адӕймаджы – республикӕйы цӕрджыты 3%. Уыдонӕн сӕ фылдӕр – 1317 адӕймаджы – сты психикон рынчын пациенттӕ. Иууыл арӕхдӕр низтӕ Хуссар Ирыстоны – шизофрени, зондӕй фӕстӕзад, невроз, депресси ӕмӕ фӕстравматикон хӕлд. Шизофренийӕ рынчын иумӕйагӕй сты 262 ӕмӕ зондӕй фӕстӕзад та 425 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0