УУМ Хуссар Иры полигоны зынгирвӕзты тыххӕй: уавӕр ис хъусдарды бын

© Пресс-служба Министерства обороны РЮОПолигон Дзарцъем
Полигон Дзарцъем - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Полигоны зынгирвӕзт фӕзынд ахуырадон ӕхстыты рӕстӕджы, цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты зынгфӕдисонтӕ, фехъусын кодтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон полигон "Дзарцъем"-ы ссыгъд хус кӕрдӕг, зынгфӕдисонтӕ ныридӕгӕн аиуварс кодтой зынгирвӕзт, фехъусын кодтой республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).

Уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, зынгирвӕзты аххосаг уыд адӕймагон фактор ӕмӕ республикӕйы бӕрзонд температурӕ кӕй ис, уый.

"Зынгирвӕзт фӕзынд полигоны ахуырадон ӕхстыты рӕстӕджы. УУМ-ӕн уайтагъд фехъусын кодтой, зынгфӕдисон хӕдтулгӕтӕ раскъӕрдтой цауы бынатмӕ — алцыдӕр у хорз", — радзырдтой уагдоны.

УУМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, Хуссар Ирыстоны фӕстаг рӕстӕджы арӕх вӕййы зынгирвӕзттӕ, кӕцыты аххосаг у адӕймаг ӕмӕ ӕнтӕф.

"Абон сликвидаци кодтам дыууӕ зынгирвӕзты, кӕцытӕ ӕрцыдысты цӕрджыты уӕлӕнгай ахасты тыххӕй — Знауыры районы Аунеуы хъӕуы ӕмӕ Ходы хъӕуы уӕлмӕрды цур. Курӕг стӕм, цӕмӕй адӕм сӕ тамакотӕ хус кӕрдӕгмӕ ма ӕппарой ӕмӕ хуыссын кӕной сӕ фӕстӕ арт", — ӕрсидт адӕммӕ УУМ минӕвар.

Ног хабӕртты лентӕ
0