Бибылты Анатолий: Хуссар Ир ӕмӕ Сирийы бизнесментӕ райтынг кӕндзысты бастдзинӕдтӕ

© Sputnik / Руслан ТадтаевБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент радзырдта йӕ фембӕлды тыххӕй сириаг бизнесментимӕ ӕмӕ базарадон ахастыты фарстыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Сирийы базарадон-сӕудӕджерадон палатӕтӕ бафысдзысты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд, уый тыххӕй бадзырдӕуыд президент Бибылты Анатолийы фыццаг официалон балцы рӕстӕджы Дамаскмӕ ӕмӕ сириаг бизнесментимӕ фембӕлдты рӕстӕджы. Ацы хабар Бибылты Анатолий фехъусын кодта къуырисӕры пресс-конференцийы Цхинвалы.

"Мах бадзырдтам, цӕмӕй нӕ базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты ӕхсӕн сфидар кӕнӕм официалон ахастытӕ. Уый арӕзт цӕуы, цӕмӕй сириаг бизнесментӕ, кӕцыты фӕнды нӕ бӕстӕимӕ экономикон ахастытӕ райтынг кӕнын, зоной фӕтктӕ ӕмӕ фадӕттӕ", — загъта президент.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Сирийы бизнесменты минӕвӕрттӕ фӕнд кӕнынц ӕрцӕуын Хуссар Ирыстонмӕ, цӕмӕй бынаты феной сӕ фадаттӕ. Афтӕ ма хуссарирыстойнаг амалиуӕггӕнджытӕ дӕр ацӕудзысты Сиримӕ.

Бибылты Анатолий ӕмӕ Башар Асад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий: Сирийы президент ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн Хуссар Ирмӕ

Бибылты Анатолий бафтыдта, зӕгъгӕ, сириаг амалиуӕггӕнджыты фӕнды бӕстӕты ӕхсӕн ӕнӕвизӕйон режим саразын. Бизнесменты хъуыдымӕ гӕсгӕ, паддзахадон арӕны сӕрты рахизыны фӕрогдӕргонд процедурӕ суаид уӕлӕмхас стимул экономикон ахастытӕ сфидар кӕнынӕн.

"Ӕз сын бамбарын кодтон, Уӕрӕсейы территоримӕ ӕрбахизыны тыххӕй сӕ визӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Махӕн нӕ бон у фарст афтӕ аскъуыддзаг кӕнын, цӕмӕй сириаг амалиуӕггӕнджытӕ цӕуой нӕ бӕстӕмӕ транзитон уӕрӕсейаг визӕтӕй, науӕд та сфидар кӕнын ӕнӕвизӕйон ахастытӕ. Ацы фарст аскъуыддзаг кӕнынӕн бирӕ варианттӕ ис ӕмӕ сӕ мах алкӕцымӕ дӕр ӕркӕсдзыстӕм, — загъта Бибылты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны делегаци Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй ивгъуыд къуыри уыд Сирийы официалон балцы. Дамаскы фембӕлд Башар Асадимӕ, паддзахадты сӕргълӕуджытӕ бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд.

Уый уыд Хуссар Ирыстоны президенты фыццаг официалон балц Сиримӕ, кӕцы 29 майы банымадта республикӕйы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0