Хуссар Иры агурынц ахӕстонӕй лигъдон Къӕбысты Андрейы

© Sputnik / Михаил ХасиевАндрей Кабисов
Андрей Кабисов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Агуырдмӕ ӕрбаиу сты Цхинвалы ӕмӕ республикӕйы районты Мидхъуыддӕгты министрады хайадтӕ

ЦХИНВАЛ, 31 июл — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг оргӕнтӕ дарддӕр дӕр агурынц Къӕбысты Андрейы, кӕцы къуырисӕры ӕхсӕв алыгъд Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторӕй, радзырдтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

Слестгæнæн изолятор - Sputnik Хуссар Ирыстон
Давӕг ногӕй ссӕрибар: Хуссар Иры ахӕстонӕй алыгъд тӕссаг фыдгӕнӕг

Къӕбысты Андрей, кӕцыйы азымджын кодтой адӕмы давыны тыххӕй, ӕрцахстой 2017 азы сӕрды. Ӕрфарсты рӕстӕджы уый басаст цалдӕр фыдракӕндыл, фӕстӕдӕр сбӕлвырд кодтой, цалдӕр бабырсты дӕр хайад кӕй райста.

"Къӕбысты Андрейы агуырд нырма дӕр цӕуы, фӕлӕ нырма фӕстиуджытӕ нӕй. Оперативон-сгарӕр мадзӕлтты хайад исынц МХМ хайадтӕ, Хуссар Ирыстоны районты дӕр", — банысан кодтой пресс-службӕйы.

МХМ пресс-службӕйы банысан кодтой, зӕгъгӕ, арӕн хъахъхъӕнджытӕн дӕр радтой информаци ацы цауы тыххӕй, цӕмӕй фыдгӕнӕг ма ахиза республикӕйы арӕны сӕрты.

Афтӕ ма уагдоны мӕнгӕй равдыстой дам-думтӕ, ома Къӕбысты Андрей иунӕгӕй нӕ алыгъд рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0