Ивартӕ ӕмӕ уголовон хъуыддӕгтӕ: ПӔК Хуссар Иры арӕнсӕтджыты ӕфхӕрды тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянАрӕн
Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты радзырдтой арӕнгӕрон службӕйы оперативон-службӕйон архайды фӕстиуджыты тыххӕй июлы

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны режим сӕтджытӕ бафыстой июлы республикӕйы бюджетмӕ ивартӕ 120 мин сомы аргъ. Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, ивгъуыд мӕй арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой 70 арӕнсӕттӕджы, кӕцытӕн сӕ фылдӕры тӕрхондон фӕивар кодта.

Июны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой 73 арӕнсӕттӕджы, кӕд ӕмӕ майы та уыдысты 35.

"2018 азы июлы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйтты ӕрцахстой 70 арӕнсӕттӕджы, цыппар адӕймаджы ӕрцахстой паддзахадон арӕны уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг хайы. 23 адӕймаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 47 та арӕнгӕрон режим", — банысан кодтой ПӔК-ы.

Алкӕцы цауы фӕдыл дӕр арӕнгӕрон службӕ ауагъта равзӕрсттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн арӕнсӕтджыты фӕдыл райстой административон мадзӕлттӕ ӕмӕ ауагътой семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас.

Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры дыууӕ хатты фӕфылдӕр сты арӕнхалӕн цаутӕ

61 адӕймаджы фӕивар кодтой, 5 фӕдыл та рахастой административон ивар ӕмӕ сӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ, дыууӕйы бафӕдзӕхстой ӕмӕ ноджы дыууӕйы фӕдыл та бакодтой уголовон хъуыддӕгтӕ.

"Иумӕйагӕй, арӕнсӕтджытӕ бафыстой республикӕйы бюджетмӕ ивар 120 500 сомы бӕрц", — бафтыдтой уагдоны.

Арӕнгӕрон службӕ радон хатт ӕрсидт фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕм (УФ ӕмбӕстӕгтӕй дарддӕр), делагациты сконды чи уыдзӕн агусты мадзӕлттӕм, уыдонмӕ дӕр, цӕмӕй ӕнӕмӕнгӕй бадӕттой документтӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ республикӕмӕ ӕрцӕуыны тыххӕй.

Августы Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн цалдӕр паддзахадон мадзалы, кӕцытӕ нывонд сты Гуырдзыстоны агрессийы дӕсӕм афӕдзы бонӕн, республикӕйы хӕдбардзинады банымад ӕмӕ ирон адӕмы съезды цытӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0