Хуссар Иры курсанттӕ ацыдысты УФ хъахъхъӕнынады министрады центрмӕ

© Пресс-служба Минобороны РЮО Хуссар Иры курсанттӕ ацыдысты УФ хъахъхъӕнынады министрады центрмӕ
Хуссар Иры курсанттӕ ацыдысты УФ хъахъхъӕнынады министрады центрмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕсивӕд рацӕудзысты ӕвзонг ӕфсӕддоны курс Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центры, уый фӕстӕ ацӕудзысты сӕ ахуыргӕнӕндӕттӕм

ЦХИНВАЛ, 3 авг — Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон университеттӕм цы хуссарирыстойнаг курсанттӕ бахаудтой, уыдон ацыдысты уагдоны ахуырадон центрмӕ, цӕмӕй рацӕуой фыццаг ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынад, радзырдтой Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

Уæлахизы бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сывӕллӕтты бон уыдзӕн ахуыр кӕнын УФ Хъахъхъӕнынады министрады скъолаты

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны ауагътой конкурсон фӕлварӕнтӕ кандидаттӕн, кӕцыты фӕндыд бацӕуын УФ хъахъхъӕнынады министрады ахуыргӕнӕндӕттӕм.

Республикӕйы хъахъхъӕнынады уагдон сфидар кодта абитуриентты номхыгъд, кӕцытӕ фӕлварӕнтӕ, физикон цӕттӕкӕнынады нормативтӕ, ӕфсӕддон-дохтырон къамис ӕмӕ психологон тесты фӕстиуӕгӕн бахаудтой УФ ӕфсӕддон университеттӕм.

"Курсантты арвыстой УФ хъахъхъӕнынады министрады ахуырадон центрмӕ, цы ран цӕуынц ӕфсӕддон цӕттӕкӕнынад. Ӕртӕ къуырийы курсанттӕ цӕудзысты ӕвзонг ӕфсӕддоны курс фӕлтӕрд офицерты къухдариуӕгадӕй. Ӕфсӕддон ард куы райсой, уӕд курсантты арвитдзысты сӕ ахуыргӕнӕндӕттӕм", — радзырдтой хъахъхъӕнынады министрады.

Сӕ ахуыр куы фӕуой, уӕд рауагъдонтӕ ӕрыздӕхдзысты Хуссар Ирыстоны ӕфсадмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0