Сирийы делегаци ӕрцӕудзӕн Цхинвалмӕ хӕдбардзинады банымады Бӕрӕгбонмӕ

© Пресс-служба президента РЮОВстреча Анатолия Бибилова в аэропорту Дамаска
Встреча Анатолия Бибилова в аэропорту Дамаска - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг парламенты спикер Гасситы Петр радзырдта Сирийӕ уазджыты ӕрцыды тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 6 авг — Sputnik. Сириаг арабаг республикӕйы делегаци хайад райсдзӕн Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымады юбилейы бӕрӕгбоны, кӕцы уыдзӕн 26 августы. Уый тыххӕй портал "Известия"-йӕн радзырдта республикӕйы парламенты сӕргълӕууӕг Гасситы Петр.

Южная Осетия и Сирия заключили Договор о дружбе и сотрудничестве - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Сири бафыстой ӕмгуыстад ӕмӕ хӕлардзинады фӕдыл бадзырд

Спикеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕмӕ официалон балцы ӕввахс рӕстӕджы нывӕнды ӕрцӕуын Сирийы президент Башар Асад.

Сирийы минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Рияд Хаддад фехъусын кодта "Известия"-йӕн, зӕгъгӕ, делегацийы дырыс сконд нырма бӕрӕг нӕу.

"Президент Башар Асады администрацийы нырма нӕ фехъусын кодтой йӕ балцы дырыс датӕ, уый тыххӕй ӕмӕ йын тынг уӕззау график ис. Фарстайыл кусынц ", — банысан кодта дипломат.

Сириаг разамонӕджы йӕ балцы рӕстӕджы Дамаскмӕ ӕрхуыдта Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0