Хъайтардзинады æмсæр цырт: Цхинвалы фæзындзæн Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты сквер

© фото Л.Парастаевойавгуст
август - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сквер бюсттимæ арæзт æрцæудзæн дыууæ лæппу æнæмсæр тохы цы бынаты фæмард сты, уым. Хъайтарты ном сæнусон кæныны хъæппæрис равдыстой сæ æмтохгæнджытæ, хæрдзтæ сæхимæ райстой се ʻввахс адæм, хиуæттæ, хæлæрттæ æмæ æмтохгæнджытæ

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны августы хæстыл дæс азы сæххæсты бонмæ Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды разамонæг Багаты Амиран æмæ йе 'мтохгæнæг Джиоты Азæмæт (Пантера) кæм фæмардысты, уыцы бынаты фæзындзæн сквер дыууæ зынгхуыст хъайтары бюсттимæ, фехъусын кодта Sputnik сеʻ мтохгæнæг, къорды уæнгтæй иу Георгий.

Цхинвалы ацӕудзӕн хъайтартӕ Багаты Амиран ӕмӕ Джиоты Азӕмӕты номарӕн турнир

2008 азы августы хæсты зынгхуыст хъайтарты номыл сквер арæзт æрцæудзæн дыууæ лæппу æнæмсæр тохы цы бынаты фæмард сты, уым. Уыдон æмæ æмткæй къорды архайд августы æбуалгъ хæсты рæстæджы Хуссар Иры нымайынц лæгдзинад æмæ хæстон æхсары дæнцæгыл. Хæстæй рацыд дæс азы, фæлæ ацы лæппуты хъайтардзинады æмсæр мемориал нырма нæ фæзынд, уый тыххæй йæ хæлæрттæ райстой сæхимæ ацы бæрн.

"Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты цы бынаты фæмард сты, уымæй 50 метр фалдæр арæзт цæуы сквер, уым æвæрд æрцæудзысты сæ бюсттæ. Сывæрдзысты дзы бандæттæ ныссадзысты бæлæстæ. Райсом дæс сахатыл æрбакæндзысты дыууæ хъайтары номарæн цырттæ. Горæты хицæуттæй райстам бар, арæзтад та цæуы лæппуты ʻввахс адæм, хиуæтты, хæлæртты æмæ æмтохгæнджыты фæрцы", — загъта Sputnik 2008 азы Багаты Амираны къорды уæнг Георгий.

Джиоты Азæмæт æмæ Багаты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фарастæй иумæ": Цхинвалы равдисдзысты Багаты Амираны къордыл киноныв

Дæс азы размæ хæстон цауты рæстæджы Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды командир Багаты Амиран йæ къордимæ, æдæппæт 9 адæймагæй, æрлæууыдысты столицæмæ ныгуылæнæй бырсæг гуырдзиаг æфсæддонты раз. Хæсты архайджыты æвдисæнтæм гæсгæ, знаджы хотыхджын æфсады нымæц ахызт фондз сæдæйæ. Уыцы къорд фараст адæймаджы скондæй æрурæдта æфсады æрбабырст.

Багаты Амиран æмæ йе 'мкусæг Джиоты Азæмæт (Пантера) фæмард сты ацы тохы. Сæ амæлæты фæстæ уыдон хорзæхджын æрцыдысты бæстæйы уæлдæр æфсæддон хорзæх "Уацамонгæ"-йæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0