УФ-йы минӕвар Цхинвалы: 2008 азы августы Ныгуылӕны бӕстӕтӕ нӕ ӕрлӕууын кодтой Саакашвилийы

© SputnikПосол России в Южной Осетии Марат Кулахметов
Посол России в Южной Осетии Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны радзырдта 2008 азы цаутӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ныры уавӕры тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 7 авг — Sputnik. Дунейы ӕхсӕнадӕн уыд фадат Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн хӕст рагацау аиварс кӕнын, Саакашвилийы куы ӕрлӕууын кодтаиккой, уӕд, радзырдта йӕ интервьюйы РИА Новостийӕн УФ минӕвар Цхинвалы Марат Кулахметов.

"Дунейы ӕхсӕнад ӕмӕ Ныгуылӕны бӕстӕтӕн куы уыдаит фидар позици ӕмӕ уыцы сӕрд Саакашвилийы куы ӕрлӕууын кодтаиккой, уӕд хӕст нӕ уыдаит", — банысан кодта минӕвар.

Минӕвар бахахх кодта, зӕгъгӕ, ОБСЕ-йы къамисы уӕнгтӕ, кӕцытӕ августы уыдысты регионы, "кӕдӕмдӕр фесӕфтысты".

Август 2008, куыд райдыдта хӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Август 2008. Афтæ райдыдта хӕст

"2008 азы июлы кӕрӕтты Цхинвалмӕ ӕрцыд ОБСЕ-йы егъау къорд Венайӕ ӕмӕ уыдонӕн бамбарын кодтой, гӕнӕн ис ӕмӕ хӕст тагъд кӕй уа. Цхинвалы уӕд уыд ОБСЕ-йы мисси ӕмӕ сын уыд быдыры офис. Уыдон уыдысты горӕты фыццаг ӕхсӕвӕй ӕстӕм августы 14.00 сахатмӕ. Уыдон алцыдӕр федтой, фӕлӕ стӕй кӕдӕмдӕр фесӕфтысты", — радзырдта уый.

Кулахметов банысан кодта, зӕгъгӕ, истори, кӕцы ӕркодта "Фондзбонон хӕстмӕ" 2008 азы августы, райдыдта 2004 азы, Гуырдзыстоны президент куы ссис Саакашвили. "Иууылдӕр ферох кодтой 2004 азы августы хӕст", — бахахх кодта дипломат.

Афтӕ ма минӕвар радта комментаритӕ Гуырдзыстоны НАТО-мӕ кӕй фӕнды бахизын уый тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл ис фаг уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ, фӕлӕ уавӕр куы фӕива, уӕд рахӕсдзыстӕм ӕндӕр уынаффӕ.

Марат Кулахметов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Марат Кулахметов Мæскуы æмæ Цхинвалы ахастыты тыххæй: æнæ конъюнктурæйæ

Ноджы ма Кулахметов радзырдта Хуссар Ирыстоны ныры уавӕры тыххӕй ӕмӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы этапыл республикӕйы хъӕуы саразын кондад. Уый ратдзӕн куысты бынӕттӕ, кӕцы у республикӕйы сӕйраг хӕс.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

"Фондзбонон хӕсты" рӕстӕджы Кулахметов уыд гуырдзиаг-ирон хъаугъайы зонæйы сабырад бахъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ тыхты командæгæнæг.

Ног хабӕртты лентӕ
0