Рауль Хаджимба: Абхаз Хуссар Иримӕ хъынцъым кӕны 2008 азы амӕттӕгты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянАкция памяти: "Гергиевская лестница"
Акция памяти: Гергиевская лестница - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы адӕм хъынцъым кӕнынц 2008 азы хӕсты амӕттӕгты тыххӕй Хуссар Ирыстонимӕ иумӕ, фехъусын кодта республикӕйы президент

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik. Абхазы президент Рауль Хаджимба ӕрбарвыста Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолийӕн телеграммӕ Гуырдзыстоны агрессийы дӕсӕм афӕдзы боны тыххӕй, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг президенты пресс-службӕ.

Хаджимба банысан кодта, зӕгъгӕ, цаутӕ, кӕцытӕ асайдтой Гуырдзыстоны радон фӕлварӕн ирон адӕм скуынӕг кӕнын, ӕнусты баззайдзысты Абхазы адӕмы хъуыдыйы.

"Абхазы адӕм тынг хорз хъуыды кӕнынц, цахӕм уӕззау цӕфтӕ фӕзыны хӕсты фӕстӕ. Ацы зӕрдӕхъыг бон мах сымахимӕ мысӕм Хуссар Ирыстоны фыртты ӕмӕ чызджыты, алкӕйдӕр, чи амард гуырдзиаг агрессоры къухтӕй", — дзырдӕуы телеграммӕйы.

Афтӕ ма Абхазы президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, Ирыстоны адӕм сӕ хъайтардзинады фӕрцы рамбылдтой сӕ бӕстӕйы сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады тыххӕй тохы.

"Уӕрӕсейы Федерацийы къухдариуӕгады ныфсхаст архайды фӕрцы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхаз абоны бон цӕрынц сабырдзинады"

Ног хабӕртты лентӕ
0