10 азы фæстæ: Цхинвалы æрбакодтой цыртытæ Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæтæн

© Sputnik / Фатима Плиева Цхинвалы æрбакодтой Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты цырттæ
Цхинвалы æрбакодтой Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты цырттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бюсттимæ скверы æрбаконд нысан æрцыд æртыццæджы райсом 10-сахатмæ, церемонимæ ма цалдæр минут куыд хъуыд афтæ райдыдта сахкъæвда, арв æмæ æрæмбырдуæвджыты цæссыг сиу сты иумæ

ЦХИНВАЛ, 8 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны августы хæстыл дæс азы сæххæсты бонмæ Хъахъхъæнынады министрады кусджытæ майор Багаты Амиран æмæ капитан Джиоты Азæмæтæн (Пантера) æрбакодтой бюсттæ. Ног хæрзарæст сквер фæзынд хæсты рæстæджы дыууæ зынгхуыст хъайтары цы бынаты фæмард сты, уымæ хæстæг.

© Sputnik / Фатима Плиева Цхинвалы æрбакодтой Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты цырттæ
Цхинвалы æрбакодтой Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты цырттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы æрбакодтой Багаты Амиран æмæ Джиоты Азæмæты цырттæ

Арæзтады хæрдзтæ сæхимæ райстой се ʻмтохгæнджытæ, ʻввахс адæм, хиуæттæ, хæлæрттæ æмæ сæ хъæбатырдзинад æвæлмастæй кæй нæ ныууагъта, уыдон. Бюсттæ æрбакодтой лæппуты хæстон æмгæрттæ, дидинтæ сæвæрынмæ æрбацыд республикæйы разамынад æмæ цæрджытæ.

"Ардыгæй чысыл дарддæр гуырдзиаг хотыхджын æфсады æрурæдта 9 адæймаджы скондæй къорд. Се ʻнтыст ныфс бауагъта аннæ районы цы лæппутæ тох кодтой, уыдоны дæр. Багаты Амиран æфсæддон хъуыддагыл слæууыд 16 азы кары æмæ уымæй фæстæмæ ацы хахх нал ныууагъта, æвæццæгæн æй хатыд, йæ зонындзинæдтæ æмæ хъару Ирыстоны тыхст рæстæджы кæй бахъæудзысты. Ацы дыууæ зынгхуыст хъайтар æмæ æмткæй къорды хъæбатырдзинад цæрдзæн адæмы зæрдæты æнустæм", — загъта президент Бибылты Анатолий.

Джиоты Азæмæт æмæ Багаты Амиран - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фарастæй иумæ": Цхинвалы равдисдзысты Багаты Амираны къордыл киноныв

Дæс азы размæ хæстон цауты рæстæджы Хъахъхъæнынады министрады разæсгарæн къорды командир Багаты Амиран йæ къордимæ, æдæппæт 9 адæймагæй, æрлæууыдысты столицæмæ ныгуылæнæй бырсæг гуырдзиаг æфсæддонты раз. Хæсты архайджыты æвдисæнтæм гæсгæ, знаджы хотыхджын æфсады нымæц ахызт фондз сæдæйæ. Уыцы къорд фараст адæймаджы скондæй æрурæдта æфсады æрбабырст. Багаты Амиран, Джиоты Азæмæт æмæ æмткæй къорды архайд августы æбуалгъ хæсты рæстæджы Хуссар Иры нымайынц лæгдзинад æмæ хæстон æхсары дæнцæгыл.

Багаты Амиран æмæ йе 'мкусæг Джиоты Азæмæт (Пантера) фæмард сты 2008 азы хæсты. Сæ амæлæты фæстæ уыдон хорзæхджын æрцыдысты бæстæйы уæлдæр æфсæддон хорзæх "Уацамонгæ"-йæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0