УУМ фехъусын кодта Хуссар Иры хицауады агъуысты зынгивӕрзты лыстӕгдзинӕдтӕ

© SputnikПожар в центре Цхинвала
Пожар в центре Цхинвала - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгивӕрзт ӕрцыд ӕртыццӕджы изӕры, артӕй бахъыгдард ис миграцион политикӕйы комитеты агъуыст

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады агъуысты зынгивӕрзты аххосаг развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ уыд цыбыр ныдзӕвд агъуысттӕй иуы, хъусын кӕны цыппӕрӕмы республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

Пожар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ахуыссын кодтой зынгирвæзт

Зынгивӕрзт ӕрцыд ӕртыццӕджы изӕры, цауы бынатмӕ ацыдысты фондз зынгфӕдисон хӕдтулгӕ, кӕцытӕ ахуыссын кодтой арт иу сахатмӕ. УУМ-ы бафтыдтой, зӕгъгӕ, арт аххӕссыд 150 квадратон метрыл, фӕлӕ йӕ уайтагъд аиуварс кодтой. Зианбаййафджытӕ дзы нӕй.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады банысан кодтой, зӕгъгӕ, артӕй бахъыгдард сты РХИ миграцион политикӕйы Комитеты дыууӕ кабинеты. Хицауады комплексы ӕндӕр агъуысттӕ, се хсӕн президенты администраци ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕ артӕй нӕ бахъыгдард сты.

Барадхъахъхъӕнджытӕ дарддӕр дӕр уадзынц басгӕрст.

Ног хабӕртты лентӕ
0