Авари Транскамыл: дыууæ зианбаййафæджы бахаудтой рынчындонмæ

© Пресс-служба МВД РЮОАвария в Дзауском районе
Авария в Дзауском районе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Шофыр не сарæхст æмæ сæмбæлд бæласыл

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Цæгат Ирыстоны цæрæг Дзау-Рукы фæндагыл фæцæйцæугæйæ сарæзта фæндагон-транспортон цау, цæй фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудысты шофыр æмæ йæ бæлццон, хъусын кæны ХИ МХМ пресс-службæ.

Алвӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Авари алвӕндагыл: Цхинвалы мотоциклист сӕмбӕлд хӕдтулгӕйыл

"Хæдтулгæ ВАЗ-21014 маркæйы шофыр, Цæгат Ирыстоны 22-аздзыд цæрæг не сарæхст æмæ сæмбæлд бæласыл", — дзырдæуы хъусинаджы.

ФТЦ фæстиуæгæн шофыр æмæ йæ бæлццон, 47-аздзыд Цæгат Ирыстоны цæрæг бахаудтой Хуссар Иры соматикон рынчындонмæ. Цау сгары Дзауы районы мидхъуыддæгты министрады фæндгон змæлды æдасдзинады хайад (ФЗӔХ).

Ног хабӕртты лентӕ
0