Ӕртывæр авари Цхинвалы: зианбаййафджытæ бахаудтой рынчындонмæ

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæСкорая помощь
Скорая помощь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авари ʻрцыд дыццæджы æхсæв Джиоты Аланы проспект æмæ Советон уынгы алвæндагыл

ЦХИНВАЛ, 15 авг — Sputnik. Дыууæ адæймаджы бахаудтой рынчындонмæ аварийы фæстиуæгæн, хъусын кæны МХМ пресс-службæ.

Авари ʻрцыд дыццæджы æхсæв Джиоты Аланы проспект æмæ Советон уынгы алвæндагыл.

Авария в Дзауском районе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Авари Транскамыл: дыууæ зианбаййафæджы бахаудтой рынчындонмæ

"21-аздзыд "Kia Rio"-йы шофыр, Цхинвалы цæрæг, Советон уынгыл нæ рауагъта хæдтулгæ, кæцы цыд сæйраг фæндагыл æмæ сæмбæлд хæдтулгæ "Лада Гранта"-имæ. Уый шофыр, 24-аздзыд Цхинвалы цæрæг дæр цыд æгæр тагъд ", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Цæфæй "Лада" ахаудта галиуырдæм, цæй фæстиуæгæн машинæ сæмбæлд æндæр хæдтулгæимæ, ВАЗ 211440.

ФТЦ фæстиуæгæн, "Лада Гранта"-йы шофыр æмæ "Kia Rio"-йы бæлццон сылгоймаг бахаудтой рынчындонмæ.

Басгæрст рабæрæг кодта, шофыртæ кæй уыдысты æрвонг.

Ног хабӕртты лентӕ
0