Карз мадзæлттæ: Хуссар Иры тыхон структурæтæн банхъардтой быроны ныхмæ тох

© Sputnik / Ада БагианМусорная свалка в Кусрет
Мусорная свалка в Кусрет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны премьер-министр ауагъта æмбырд республикæ бырондæттæй расæрибар кæныны фæдыл

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Пухаты Эрик банхъарда цардуагон æмæ арæзтадон быроны æнæзаконон быгъойты ныхмæ тохмæ раздахын тыхон структурæты хъусдард, хъусын кæны хицауады пресс-службæ. Уый тыххæй хицауады сæрдар фехъусын кодта, горæттæ æмæ районты администрациты сæргълæуджытимæ фембæлды рæстæджы.

"Быроны æнæзаконон быгъойтимæ тохы æнæ карз мадзæлттæй нæ аскъуыддзаг уыдзæн. Мæн фæнды, цæмæй цæстдарды органтæм æрбамбал ой радгæсон полиционтæ æмæ постон-патрулон службæты кусджытæ, кæцытæ сæ хъус дардзысты арæзтадон бырон ласæг уæзласæн машинæтæм. Хаттæй-хатт сæ уыдон нæ баласынц сæрмагонд бынæттæм æмæ сæ фæндаггæрæтты акалынц" – баххах кодта уый.

Цхинвалы бырондон. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалыл ӕндӕгъд бырондон: проблемӕйӕн аскъуыддзаг кӕнын не ‘нтысы

Ныридæгæн фарстмæ сæ хъус дарынц Фæлхасгæнджыты барты фæдыл комитет, Арæзтадон, экологон æмæ технологон цæстдарды комитет, уыдон сарæзтой радгæса — бæрæг кæнынц бынæттæ, цы ран фæзынынц æнæзаконон бырондæттæ.

Администрациты разамонджытæ банысан кодтой, кæй нæ фæразынц æмгъуыдмæ сæххæст кæнын цæстдарды органты домæнтæ. Уый хынцгæйæ хицауады сæрдар банхъардта аххæсын æнæзаконон бырондæттæ аиуварс кæныны фарст 30 бон фæстæдæрмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0