Хуссар Иры ХМ управлени æмæ Генштаб рацыдысты ног бæстыхаймæ

© Пресс-служба МинобороныУправление и Генштаб МО РЮО передислоцированы в новое здание
Управление и Генштаб МО РЮО передислоцированы в новое здание - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъахъхъæнынады министрад уыдзæн раздæры "Авиацион заводы" территорийыл Цхинвалы

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Хъахъхъæнынады министрады управлени æмæ генералон штаб ракодтой хицауады хæдзарæй хъахъхъæнынадон уагдоны æфсæддон городокмæ, хъусын кæны министрады пресс-службæ.

© Пресс-служба МинобороныХъахъхъæнынады министрад уыдзæн раздæры "Авиацион заводы" территорийыл Цхинвалы
Управление и Генштаб МО РЮО передислоцированы в новое здание - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъахъхъæнынады министрад уыдзæн раздæры "Авиацион заводы" территорийыл Цхинвалы

Нысан æрцыд, ныридæгæн активонæй куыст кæй цæуы административон бæстыхайы æмæ йæ алфæмбылай территорийы хæрзарæстадыл.

"Ӕфсæддон городок №1-ы территорийыл цы дæлхайæдтæ уыд, уыдон акодтой Хъахъхъæнынады министрады æндæр бынæттæм", — дзырдæуы хъусинаджы.

Бæстыхай цытджын уавæры фæнд кæнынц æрбакæнын 26 августы, уæд Хуссар Иры нысан кæндзысты республикæйы хæдбардзинады банымадыл 10 аз сæххæсты бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0