Хуссар Иры МХМ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй: фондз авари иу къуыримӕ

© Пресс-служба МВД РЮОАвария в Дзауском районе
Авария в Дзауском районе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдон фехъусын кодта республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй 13-19 августы

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ӕрцыд фондз фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ), кӕцыты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфтой авд адӕймаджы, хъусын кӕны къуырисӕры республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Скорая помощь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕртывæр авари Цхинвалы: зианбаййафджытæ бахаудтой рынчындонмæ

Ӕртывӕр авари

Уагдон фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ӕртыццӕджы ӕхсӕвы Цхинвалы Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Советон уынджы алвӕндагыл сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы: "Kia Rio" ӕмӕ "Лада Гранта". Цӕфӕй "Лада" ахаудта галиуырдӕм ӕмӕ сӕмбӕлд ВАЗ 211440 хӕдтулгӕйыл, кӕцыйы скъӕрдта горӕты 24-аздзыд цӕрӕг.

ФТЦ-ы фӕстиуӕгӕн "Лада Гранта"-йы шофыр ӕмӕ "Kia Rio"-йы пассажиркӕйы аластой республикон соматикон рынчындонмӕ алыгъуызон цӕфтимӕ. Медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, дыууӕ шофыр дӕр кӕй уыдысты ӕрвонг.

Авария в Дзауском районе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Авари Транскамыл: дыууæ зианбаййафæджы бахаудтой рынчындонмæ

Сӕмбӕлд бӕласыл

Уыцы бон Цӕгат Ирыстоны 22-аздзыд цӕрӕг, Дзау-Рук фӕндагыл цӕугӕйӕ ссис ФТЦ-йы хайадисӕг, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццон. ВАЗ-21014 хӕдтулгӕйы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд бӕласыл. Аварийы фӕстиуӕгӕн шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццон, РЦИ-Аланийы 47-аздзыд цӕрӕджы, аластой республикон соматикон рынчындонмӕ.

Фӕтары ис ФТЦ-ы бынатӕй

Ноджы ма иу авари ӕрцыд иннӕ ӕхсӕв: Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл сӕмбӕлдысты дыууӕ хӕдтулгӕйы — ВАЗ-2109, кӕцыйыл скъӕрдта горӕты 40-аздзыд цӕрӕг ӕмӕ "Lexus GX-470", кӕцыйы шофыр фӕтары ис цауы бынатӕй.

Аварийы фӕстиуӕгӕн ВАЗ-ы шофыр ӕмӕ йӕ бӕлццон аластой республикон рынчындонмӕ. Шофыр уыд нозтджын. "Lexus GX-470"-ы шофыры дӕр фӕстӕдӕр ӕрцахстой.

Дыууӕ ФТЦ иу уынгыл

Хуыцаубоны Цхинвалы ӕрцыд дыууӕ ФТЦ-ы, дыууӕ дӕр уыдысты 8-м июны уынгыл.

Алвӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Авари алвӕндагыл: Цхинвалы мотоциклист сӕмбӕлд хӕдтулгӕйыл

Ӕмбисбон, ВАЗ 211440 хӕдтулгӕйы шофыр скъӕрдта 8-м июны уынгыл "Ногмæскуыйаг" микрорайонмӕ ӕмӕ фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтктӕ. Фӕткхалӕг сӕмбӕлд "Mercedes-Benz" хӕдтулгӕимӕ, кӕцыйы шофыр дӕр фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтктӕ.

Фӕстӕдӕр ма уыцы бон 8 июны уынгыл ӕрцыд ноджы иу ФТЦ.
"Volkswagen Touareg" хӕдтулгӕйы шофыр скъӕрдта 8-м июны уынгыл "Ногмæскуыйаг" микрорайонмӕ ӕмӕ ныццавта 30-аздзыд нӕлгоймаджы, кӕцы раст ран нӕ хызт фӕндаг.

Фистӕг бӕлццон райста буары цӕфтӕ ӕмӕ йӕ аластой республикон соматикон рынчындонмӕ.

Ӕндӕр фехӕлдтӕ

Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы МХМ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды фӕткты 247 фехӕлды. 12 хатт шофыртӕ скъӕрдтой нозтджынӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0