Хуссар Иры Диспансеризаци: ФМБА медиктӕ ӕрцыдысты Знауыры районмӕ

© Пресс-служба Минздрава РЮОДиспансеризация в Знаурском районе РЮО
Диспансеризация в Знаурском районе РЮО - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Федералон медико-биологон агентады дохтыртӕ фӕнд кӕнынц фенын 1400 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дарддӕр цӕуы диспансеризаци цӕрджытӕн ӕмӕ хуыцаубоны Федералон медико-биологон агентады (ФМБА) медицинон къорд райдыдта республикӕйы административон районты цӕрджыты медицинон басгӕрст. Уый тыххӕй хъусын кӕны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ социалон райрӕзты министрады пресс-службӕ.

Во время медицинского обследования - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уагъд цӕуы диспансеризаци цӕрджытӕн

19-21 августы басгардзысты Знауыры районы цӕрджыты — нывӕндынц фенын 1400 адӕймаджы.

"Бынӕттон цӕрджыты ӕнӕниздзинад басгардзысты нарӕг профилы специалисттӕ — терапевт, невролог, кардиолог, хирург, гинеколог, офтальмолог, оториноларинголог, уролог, эндокринолог. Цӕрджытӕ рацӕудзысты лабораторон иртасӕн, флюорографи, маммографи, ЭКГ", — банысан кодта Хуссар Ирыстоны диспансеризаци сорганизаци кӕныны кусӕгон къорды разамонӕг Цъӕриттаты Инна.

© Пресс-служба Минздрава РЮО Диспансеризаци Знауыры районы
Диспансеризация в Знаурском районе РЮО  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Диспансеризаци Знауыры районы

Афтӕ ма уый банысан кодта, зӕгъгӕ, районы администраци рахицӕн кодта ӕртӕ автобусы цӕрӕг пункттӕм цӕуынмӕ ӕмӕ пациентты хъӕутӕй централон районон рынчындонмӕ ласыны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0