Президент ӕмӕ "Иугонд Ирыстон" баххуыс кодтой чырыстон аргъуанӕн Цхинвалы

© Пресс-служба парламента РЮОПетр Гассиев посетил строящийся храм в микрорайоне "Московский"
Петр Гассиев посетил строящийся храм в микрорайоне Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ногӕй райдыдтой аразын аргъуан

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik. Иоанн Дзуарӕфтауӕджы чырыстон аргъуаны арӕзтад Цхинвалы Ногмӕскуыйаг микрорайоны ногӕй райдыдта республикӕйы президент Бибылты Анатолий ӕмӕ парти "Иугонд Ирыстон"-ы финансон ӕххуысы фӕрцы. Амӕйразмӕ куыстытӕ ӕрурӕдтой финансон фӕрӕзты хъуагдзинады тыххӕй, хъусын кӕны Хусссар Ирыстоны парламенты пресс-службӕ.

© Пресс-служба парламента РЮОПарламенты спикер Гасситы Петр ӕмӕ Фыд Серги
Петр Гассиев посетил строящийся храм в микрорайоне Московский - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты спикер Гасситы Петр ӕмӕ Фыд Серги

Куыстытӕ бабӕрӕг кодта парламенты спикер Гасситы Петр, кӕцы банысан кодта, зӕгъгӕ, "Иугонд Ирыстон" фыццаг хатт нӕ ӕххуыс кӕны аргъуаны арӕзтадӕн.

Афтӕ ма уый баххах кодта республикӕйы президенты ӕххуыс, кӕцы рахицӕн кодта фӕрӕзтӕ арӕзтад адарддӕр кӕнынӕн.

"Кыст хуыздӕр ацыд, ӕмӕ, мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ парти "Иугонд Ирыстон"-ы иумӕйаг архайды фӕрцы аргъуаны арӕзтад тагъд рӕстӕджы кӕронмӕ бахӕццӕ уыдзӕн", — банысан кодта спикер.

Аргъуаны динамонӕг фыд Серги банысан кодта, зӕгъгӕ, парти ӕмӕ адӕмы ӕххуысы фӕрцы арӕзтад гӕнӕн ис кӕронмӕ бахӕццӕ кӕнын. Нардуатон организацийы кусӕг Хъотайты Сӕрмӕт банысан кодта, тынг бирӕ адӕмы кӕй фӕнды баххуыс кӕнын аргъуаны арӕзтадӕн ӕмӕ сын сӕ нӕмттӕ фыст сты аргъуаны къултыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0