Джуссойты Алан Сӕрмагонд хыгъдыл: "кредитты" раздӕхт баххуыс уыдзӕн рынчын сабиты бинонтӕн

© Sputnik / Наталья АйриянБрифинг Марии Котаевой
Брифинг Марии Котаевой - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сӕрмагонд хыгъды Хъусдарды советы минӕвар радзырдта, цӕуыл хардз цӕуынц фӕрӕзтӕ ӕмӕ "ӕнӕпроцентон кредитты" раздӕхт куыд разындзӕн цӕрджытӕн материалон ӕххуысыл

ЦХИНВАЛ, 21 авг — Sputnik, Уалыты Диана. Ӕнӕпроцентон кредитты раздӕхт, кӕцытӕ радтой Сӕрмагонд хыгъды фӕрӕзтӕй, цӕмӕй баххуыс кӕной Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн, кӕцытӕ зиан баййӕфтой хӕсты рӕстӕджы, хорз разындзӕн рынчын сывӕллӕттимӕ бинонтӕн ӕххуысыл. Уый тыххӕй фехъусын кодта Сӕрмагонд хыгъды Хъусдарды советы минӕвар Джуссойты Алан.

Политикон парти Иугонд Ирыстон æмæ сывæллæтты хæрзаудæн фонд Лæвар базыртæ бафыстой æмгуыстады фæдыл сразыдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иугонд Ирыстон" æххуыс кæндзæн хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæн"

2008 азы августы хӕсты фӕстӕ Хуссар Ирыстоны Националон банкы сарӕзтой Сӕрмагонд хыгъд, цӕмӕй ӕххуыс кӕной республикӕйы цӕрджытӕн, кӕцытӕ зиан баййӕфтой агрессийы рӕстӕджы. Сӕрмагонд хыгъдмӕ ӕрбацыд 1,1 миллиард сомӕй фылдӕр. Фӕрӕзты фылдӕр хайӕ раст не спайда кодтой, радтой кредиттӕ физикон гоймӕгтӕн ӕмӕ алыгъуызон фондтӕн. Бибылты Анатолий Хъусдарды советимӕ фембӕлды рӕстӕджы банысан кодта, кӕй хъӕуы саразын механизм, цӕмӕй раздахой фӕрӕзтӕ.

Афтӕ ма уый банысан кодта, зӕгъгӕ, Сӕрмагонд хыгъд "ӕнӕпроцентон кредиттӕ" кӕй дӕтта, уый раст нӕ уыд.

"Сӕрмагонд хыгъд сарӕзтой социалон-гуманитарон нысанӕн, сӕйраджыдӕр, рынчын адӕмы хос кӕнынӕн. Кӕд нын бантыса раздахын ӕхцатӕ, кӕцытӕ радтой кредиты, уӕд уый уыдзӕн хъусдарды советы егъау ӕнтыст", — загъта уый.

Джуссойты Алан радзырдта, ӕрвылаз совет кӕй байуары 60 мин сом бинонтӕн рынчын сывӕллӕттимӕ, се 'хсӕн сывӕллӕтты церебралон параличӕй рынчынтӕ дӕр.

Афтӕ ма Джуссойты Алан банысан кодта, зӕгъгӕ, алы мӕй дӕр къамис райсы сӕдӕ куырдиат материалон ӕххуысы фӕдыл.

"Мах хъӕуы ӕвзарын, кӕй тынгдӕр хъӕуы ӕххуыс. Уый у тынг зын, ӕмӕ мах уыдоныл хӕссӕм бӕрн. Ӕз бузныг дзурын мӕ коллегӕтӕн, кӕцытӕ уым хайад исынц. Спецсчеты фӕрӕзтӕ куы фӕфылдӕр уой, уӕд мах ӕххуыс кӕндзыстӕм фылдӕр адӕмӕн", — загъта Джуссойты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0