"Цард фервӕзын кӕныны тыххӕй": УУМ-ы кусджыты схорзӕх кодтой майдантӕй

© facebook/МЧС РЮОУУМ-ы кусджыты схорзӕх кодтой майдантӕй
УУМ-ы кусджыты схорзӕх кодтой майдантӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг уӕлвӕткон уагдоны кусджытӕ хайад истой авариты бахауӕг адӕмы фервӕзын кӕныны фӕдыл операциты

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik. Майдантӕй "Цард фервӕзын кӕныны тыххӕй" схорзӕхджын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) ӕртӕ кусӕджы, кӕцытӕ хайад истой авариты бахауӕг ӕмбӕстӕгты фервӕзын кӕныны. Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ирвӕзынгӕнджытӕ баххуыс кодтой республикӕйы ӕмбӕстагӕн, кӕцы 4 августы бахауд аварийы трассӕ Гуфта-Чеселты 2-аг километрыл.

"Шофыр ӕмӕ пассажирӕн сӕ бон нал уыд машинӕйы кабинӕйӕ рахизын. Ирвӕзынгӕнӕн операци цыд цалдӕр сахаты дӕргъы. Тӕссаг ӕмӕ удуӕлдай куысты фӕстиуӕгӕн пассажиры фервӕзын кодтой. Шофыр фӕмард бынаты", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Равдисгӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй майдантӕй схорзӕхджын кодтой мидӕггагон службӕйы ӕртӕ кусӕджы,ирвӕзынгӕнӕн куыстыты аннӕ хайадисджыты та рахицӕн кодтой ӕхцайы фӕрӕзтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0