Цхинвалы ӕвзонг чызджы ӕрцахстой тобӕгонд "снюсимӕ"

Рафыссын
Закон фехалыны тыххӕй фыдгӕнӕджы фӕивар кодтой 30 мин сомы бӕрц

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) наркотикон буарадтӕм хъусдарды хайады кусджытӕ ӕрцахстой цхинвайлаг чызджы ӕууилгӕ тамако "снюс"-имӕ, хъусын кӕны цыппӕрӕмы уагдоны пресс-службӕ.

Снюс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕджы ӕрцахстой "Снюс"-имӕ

"Mercedes Benz Е — 220" хӕдтулгӕйы, кӕцыйыл скъӕрдта Цхинвалы 26-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг, ӕрурӕдтой Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы стационарон посты МХМ кусджытӕ.

"Басгӕрсты рӕстӕджы, сылгоймаджы хызыны ссардтой ӕхсӕз къоппы, кӕцытӕ, экспертизӕйы басгӕрстмӕ гӕсгӕ, сты ӕнӕдымӕн тамако "снюс", сӕ иумӕйаг уӕз у 50,5 граммы", — радзырдтой уагдоны.

Пресс-службӕйы фехъусын кодтой, "Ӕууилгæ тамако "снюс" ӕмӕ "насвай"-ы æрбаласт, æлхæнын, уæй кæнын æмæ спайда кæныныл тобӕ сӕвӕрыны фӕдыл" закон фехалыны тыххӕй Дзауы районон тӕрхондон фӕивар кодта сылгоймаджы 30 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0