Хуссар Иры скъолатӕ сгары МСНК кусӕгон куыйтимӕ

© Пресс-служба МВД РЮО ОМОН проверяет школы Южной Осетии
ОМОН проверяет школы Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къорды сапертӕ ныридӕгӕн басгӕрстой Цхинвалы ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕмӕ ахызтысты районты скъолатӕм

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) сапертӕ сгарынц сӕрмагонд техникон фӕрӕзтӕ ӕмӕ кусӕгон куыйты руаджы республикӕйы ахуыргӕнӕндӕттӕ, хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милици рахызт службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ

Къуырисӕры къорды кусджытӕ басгӕрстой скъолатӕ ӕмӕ ӕндӕр ахуыргӕнӕндӕттӕ Цхинвалы, абон та ацыдысты республикӕйы районтӕм.

"Басгӕрсты фӕстӕ милицийы кусджытӕ ӕрвылбон хъахъхъӕндзысты ахуыргӕнӕндӕттӕ", — банысан кодтой МХМ.

Ахуырадон аз Хуссар Ирыстоны скъолаты райдайдзӕн 5 сентябры. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бафыста барамынд, цӕмӕй ахӕссой ахуыры азы райдайӕны датӕ Бесланы трагедийы тыххӕй.

Республикӕйы скъолатӕм бацӕудзӕн 6,6 минӕй фылдӕр ахуырдзауы, уыдонӕй 800 сты фыццагкъласонтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0