Къуыхцы маршрут: Хуссар Иры ӕрцахстой польшӕйаг туристты

© Sputnik / Аида ГагиеваХъелы цад
Хъелы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны арӕн фехалыны тыххӕй туристтӕ Польшӕйӕ бафыстой ивар ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ арвыстой республикӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 4 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Польшӕйы дыууӕ ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фехӕлдтой Гуырдзыстонимӕ паддзахадон арӕны режим, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир радта Гуырдзыстонӕн Тбилисы фондз цӕрӕджы

Польшӕйы ӕмбӕстӕгты, кӕцытӕ разындысты туризмы специалисттӕ, ӕрцахстой 1 сентябры Дзауы районы Хозы хъӕуы цур.

"Арӕнсӕтджытӕ ӕххӕст кодтой тур Варшава-Кутаиси-Хъелы цад маршрутмӕ гӕсгӕ", — загътой ПӔК-ы.

Дзауы районы тӕрхондон къуырисӕры 3 сентябры ӕрбаздӕхта арӕнсӕтджыты административон бӕрнмӕ, бафидын сын кодта ивар ӕмӕ сӕ арвыста Хуссар Ирыстоны территорийӕ.

"Уыцы бон, 21.30 сахатыл уыдоны арвыстой республикӕйы территорийӕ, радтой сӕ Гуырдзыстоны хицауады минӕвӕрттӕн", — радзырдтой уагдоны.

Августы кӕрӕтты Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрцахстой Гуырдзыстоны фондз ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ дӕр сӕхи хуыдтой туристтӕ. Уыдоны дӕр радтой Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕн ивар бафидыны фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0