Хуссар Иры цӕрӕджы ӕрцахстой тобӕгонд буарадимӕ

Рафыссын
Нӕлгоймаджы басгӕрстой оперативон информацийы реализацийы рӕстӕджы, банысан кодтой Мидхъуыддӕгты министрады

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджытӕ дыццӕджы ӕрцахстой республикӕйы 35-аздзыд ӕмбӕстаджы, кӕцымӕ басгӕрсты рӕстӕджы ссардтой тобӕгонд буарад "Лирика", — хъусын кӕны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны пресс-службӕ.

Цхинвалы ӕвзонг чызджы ӕрцахстой тобӕгонд "снюсимӕ"

Нӕлгоймаджы басгӕрстой оперативон информацийы реализацийы рӕстӕджы, банысан кодтой Мидхъуыддӕгты министрады.

"РХИ МХМ экспертон-криминалистон центры басгӕрстмӕ гӕсгӕ буарады сконды уыд "Прегабалин", — банысан кодтой уагдоны.

Фыдгӕнӕг фехӕлдта буарад "Лирика"-йы ӕрбаласт, ӕвӕрын ӕмӕ ӕнӕмедицион пайда кӕныны фӕдыл закон.

Хуссар Ирыстоны "Лирика" у тобӕгонд, уый фӕдыл ӕмбӕлон закон райста республикӕйы парламент 2015 азы. Ивгъуыд мӕйы депутаттӕ баххӕст кодтой закон, сӕйраджыдӕр, фӕкарз кодтой препарат парахат ӕмӕ ласыны фӕдыл бӕрн. Ныр уый тыххӕй ис ӕрмӕст административон нӕ, фӕлӕ ма уголовон ӕфхӕрд дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0