Хуссар Иры МХМ радзырдта, куыд ацыд Зонындзинӕдты бон

© Пресс-служба МВД РЮО День знаний в Южной Осетии
День знаний в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны кусджытӕ рахызтысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ, милици хъахъхъӕдта ахуыргӕнӕндӕттӕ иууылдӕр, банысан кодтой Мидхъуыддӕгты министрады

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны скъолаты Зонындзинӕдты боны бӕрӕгбонон линейкӕтӕ ацыдысты ӕнӕ цаутӕй, хъусын кӕны ӕртыццӕджы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, министрад сӕххӕст кодта мадзӕлттӕ ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад бахъахъхъӕнынӕн ног ахуыры азы райдайӕнмӕ.

"МХМ кусджытӕ сӕххӕст кодтой ӕхсӕнадон фӕткы ӕдасдзинад бӕрӕгбонон мадзӕлтты рӕстӕджы республикӕйы ахуыргӕнӕндӕтты. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ райсомӕй фӕстӕмӕ хъус дардтой автотранспорты змӕлдмӕ ахуыргӕнӕндӕтты цур. Бӕрӕгбоны хӕдразмӕ алкӕцы ахуыргӕнӕндоны дӕр сӕвӕрдтой хъахъхъӕнынад, МХМ кусджытӕ та рахызтысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ", — радзырдтой МХМ.

1 сентябрь Куайсайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Зонындзинӕдты боны тыххӕй: стыр ӕмӕ ирд ныфсты бӕрӕгбон

Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы нысан кодтой Зонындзинӕдты бон. Ацы аз ахуыр райдыдта цалдӕр бон фӕстӕдӕр — республикӕйы президент бафыста указ, цӕмӕй Зонындзинӕдты бон ахӕссой 1-ӕй 5-ӕм сентябрьмӕ Беслӕны трагедийы афӕдзы боны тыххӕй.

Ахуыр райдыдта 53 скъолайы, уыдонмӕ бацыдысты 6,6 мин скъоладзауы, кӕцытӕй 800 сты фыццагкъласонтӕ. Афтӕ ма ахуыр райдыдта ХИПУ, бирӕпрофилон колледж, музыкалон ӕмӕ аивадон ахуыргӕнӕндӕтты ӕмӕ дыууӕ музыкалон скъолайы.

© Пресс-служба МВД РЮОЗонындзинӕдты бон
День знаний в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зонындзинӕдты бон
Ног хабӕртты лентӕ
0