Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта августы арӕны фехӕлдты тыххӕй

© Пресс-служба КГБ РЮОГраница Южной Осетии и Грузии
Граница Южной Осетии и Грузии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд мӕй арӕны фехӕлдтӕ фӕцъусдӕр сты июлимӕ абаргӕйӕ, фехъусын кодтой комитеты

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ августы ӕрцахстой республикӕйы паддзахадон арӕны режимы 56 сӕттӕджы, фехъусын кодта Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Июлы фехӕлдты нымӕц уыд цъус фылдӕр — 7 адӕймаджы.

"Августы 24 адӕймаджы фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 32 та арӕнгӕрон режим. Алкӕцы цауы фӕдыл дӕр арӕнгӕрон службӕ ауагъта равзӕрсттӕ, кӕцыты фӕстиуӕгӕн арӕнсӕтджыты фӕдыл райстой административон мадзӕлттӕ ӕмӕ ауагътой семӕ ӕмбарынгӕнӕн ныхас", — радзырдтой уагдоны.

Арæнхъахъхъæнæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ксерокопи паспорты бæсты: ПӔК фехъусын кодта ног уагæвæрдты тыххæй арæнгæрон зонæйы

Афтӕ ма уагдоны банысан кодтой, зӕгъгӕ, равзӕрстты фӕстиуӕгӕн 41 адӕймаджы фӕивар кодтой, дӕс адӕймаджы та фӕивар кодтой ӕмӕ сӕ арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ. Ноджы ма дыууӕйы арвыстой республикӕйы территорийӕ ӕнӕ ивартӕй, ӕртӕйы та ӕрмӕст дӕр бафӕдзӕхстой.

Иумӕйагӕй, арӕнсӕтджытӕ бафыстой республикӕйы бюджетмӕ ивар 86 мин сомы бӕрц.

"Афтӕ ма августы арӕнгӕрон службӕ сӕххӕст кодта Ирон адӕмы уанел ӕмӕ хӕдбардзинады банымады юбилейы ӕдасдзинады мадзӕлттӕ", — фехъусын кодта ПӔК.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгтӕ, УФ ӕмбӕстӕгтӕй дарддӕр, кӕцытӕ ӕрцӕудзысты Республикӕйы бонмӕ 20 сентябры, хъуамӕ рагагъоммӕ бадӕттой документтӕ ФХМ-мӕ, цӕмӕй республикӕмӕ ӕрцӕуой.

Ног хабӕртты лентӕ
0