Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрад дарддӕр агуры Хуссар Иры фесӕфӕг ӕфсӕддонты

© архив ГУ МЧС по Северной ОсетииМиротворцы в августе 2008 года в Цхинвале
Миротворцы в августе 2008 года в Цхинвале - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фидауынгӕнӕг тыхты дыууӕ ӕфсӕддон ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты 2008 азы Хуссар Ирыстоны хӕсты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 7 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министрад дарддӕр агуры фидауынгӕнӕг тыхты дыууӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны, кӕцытӕ ӕбӕрӕгӕй фесӕфтысты 2008 азы Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны агрессийы рӕстӕджы. Уый тыххӕй фехъусын кодта РИА Новости хъахъхъӕнынады министрады хӕдивӕджы ӕххуысгӕнӕг Александр Кирилины ныхӕстӕ.

Уничтоженная база российских миротворцев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕнӕсӕрфат тыхми: Уӕрӕсейы ФХМ Хуссар Ирыстоны хӕсты тыххӕй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хъахъхъӕнынады министрад кусы, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной советон ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты хъысмӕт, кӕцытӕ фесӕфтысты хӕсты рӕстӕджы, сӕйраджыдӕр, Хуссар Ирыстоны дӕс азы размӕ.

"Хуссар Ирыстоны фӕмард сты фидауынгӕнӕг тыхты 72 ӕфсӕддоны. Дыууӕ адӕймаг нырма дӕр сты ӕбӕрӕгӕй фесӕфт, мах сӕ агурӕм", — загъта Кирилин.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0