Дзауы районы басыгъд хисæрмагонд хæдзар

© Sputnik / Алексей Петров /  Ахизын медиабанкмæПожар
Пожар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кърозы хъæуы иууæладзыгон хъæдын хæдзар артæй байсын нæ бантыст сæрмагонд службæтæн

ЦХИНВАЛ, 12 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Кърозы хъæуы зынгирвæзты фæстиуæгæн басыгъд хисæрмагонд хъæдын хæдзар, фехъусын кодтой Sputnik Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæйы.

"Дзауы районы Уæлвæткон уавæрты министрады радгæсон службæмæ дыццæджы 19.05 сахатыл фехъусын кодтой Кърозы хъæуы зынгирвæзты тыххæй. Хъæуы дæртдзæфдзинад хынцгæйæ, стæй хæдзар хъæдырмæгæй кæй  уыд, уымæ гæсгæ йæ зынгæй байсын нæ бантыст", — загътой пресс-службæйы.

Уым ма радзырдтой, хæдзар æдзæрæг нæ уыд, фæлæ сыгъдæй адæмæй ничи фæхъыгдард ис.

Дзауы районы пресс-службæйы Sputnik радзырдтой, зианбаййафæг бинонтæ цæрынц ныридæгæн сæ хæстæджытæм.

"Бинонтæ — цыппар адæймаджы — цæрынц сæ хиуæттæм. Районы разамынад ацы фарстыл кусы æмæ æввахс бонты зианбаййафæг бинонтæн баххуыс кæндзысты", — загътой районы пресс-службæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0