Хуссар Иры нозтджын пенсиисӕг афӕлдӕхт йӕ хӕдтулгӕйыл

© Пресс-служба МВД РЮО Пост ДПС Южной Осетии
Пост ДПС Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕдтулгӕйыл скъӕрдта Цхинвалы 72 аздзыд цӕрӕг

ЦХИНВАЛ, 13 сен — Sputnik. Цхинвалы цӕрӕг нӕ сарӕхст скъӕрын ӕмӕ сарӕзта фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) Цхинвал-Зар фӕндагыл, хъусын кӕны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

ФТЦ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хид ӕмӕ алвӕндагыл: Цхинвалы трактор ӕмӕ хӕдтулгӕ бахаудтой ӕмхуызӕн ФТЦ-ты

Цау ӕрцыд ӕртыццӕджы Цхинвал-Зары фӕндаджы фӕндзӕм километрыл Цхинвалы районы Галуанты хъӕуы цур.

"ВАЗ-21310 хӕдтулгӕйыл скъӕрдта Цхинвалы 72 аздзыд цӕрӕг. Уый нӕ сарӕхст скъӕрын ӕмӕ йӕ хӕдтулгӕ афӕлдӕхт", — радзырдтой МХМ.

Афтӕ ма уагдоны фехъусын кодтой, зӕгъгӕ, медицинон басгӕрст сбӕрӕг кодта, шофыр кӕй уыд нозтджын.

Цауы бынатмӕ ацыд Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайады оперативон-фӕдагуырды къорд. Басгӕрст уадзы районон мидхъуыддӕгты хайад.

Ног хабӕртты лентӕ
0