Ӕххӕстбарджын минӕвар радзырдта, цӕмӕ ацыд Хуссар Иры делегаци ИӔАМ форматы фембӕлдӕй

© Sputnik / Наталья АйриянМПРИ
МПРИ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Инциденттæ ма 'руадзыны æмæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) форматы радон фембæлд хъуамӕ ацыдаит майрӕмбоны Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕн арӕныл

ЦХИНВАЛ, 14 сент — Sputnik, Козаты Диана. Гуырдзиаг фарс ӕмӕ Европӕйаг цӕдисы хъусдарджыты мисси ницӕмӕ ӕрдардтой Хуссар Ирыстоны делегацийы позици ИӔАМ форматы фембӕлдыл, уый фӕстӕ республикӕйы минӕвӕрттӕ ацыдысты фембӕлдӕй. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Джиоты Мурӕт.

Майрӕмбоны арӕнгӕрон хъӕу Эргнеты хъуамӕ ацыдаит Инциденттæ ма 'руадзыны æмæ аиуварс кæныны фæдыл механизмты (ИÆАМ) форматы радон фембæлд, кӕцыйы хайад исынц Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, ОБСЕ ӕмӕ ЕЦ минӕвӕрттӕ.

"Хӕдразмӕ нӕм ӕрбацыд информаци, зӕгъгӕ, Гуырдзыстон Интерполы уылты радта ӕхсӕнадӕмон агуырды Хуссар Ирыстоны дыууӕ ӕмбӕстаджы — Гуырциаты Давид ӕмӕ Таботы Аликы, кӕцытӕ Тбилисы версимӕ гӕсгӕ сты аххосджын Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг Арчил Татунашвилийы мӕлӕты. Мах бирӕ хатт дзырдтам гуырдзиаг фарсӕн сисын ИӔАМ форматы боны фӕткӕй фарстытӕ, кӕцытӕ баст сты Татунашвили ӕмӕ Давид Башарулийы мӕлӕтимӕ, уый тыххӕй ӕмӕ бирӕ хатт ныхас кодтам ацы фарстытыл Женеваг дискусситы рӕстӕджы дӕр", — радзырдта Джиоты Мурӕт.

Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Тбилис кӕй фехъусдзӕн ОБСЕ-йы эксперты

Афтӕ ма ӕххӕстбарджын минӕвар фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ацы хъӕппӕрис хорзыл нӕ банымадтой Гуырдзыстон ӕмӕ ЕЦ минӕвӕрттӕ, ӕмӕ уый тыххӕй Хуссар Ирыстоны делегаци ӕрурӕдта йӕ хайадист ацы фембӕлды.

Джиоты Мурӕт бафтыдта, ног фембӕлды датӕйыл нырма кӕй нӕ баныхас кодтой.

Татунашвилийы февралы æрцахстой Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ Ленингоры поселочы, сгарæн-диверсион архайд æмæ 2008 азы августы сабыр цæрджыты амарынмæ йæм зæрдæ кæй æхсайдта, уый фæдыл. Татунашвили алидзын кæй бафæлвæрдта, уый тыххæй йæ ныхмæ спайда кодтой физикон тыхæй, кæцыйы рæстæджы уый фæбырыд асиныл æмæ ныццавта йæхи. Уый фæхæццæ кодтой республикон рынчындонмæ, цы ран дыууæ сахаты фæстæ амард.

Ног хабӕртты лентӕ
0