Депутат: æнæ 20 сентябры рахæсгæ уынаффæ нæ уыдаид Хуссар Ир

© Sputnik / Наталья АйриянГӕбӕраты Юрий
Гӕбӕраты Юрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстон цыппæрæмы банысан кæндзæн республикæйы бындурæвæрды бон - 28 азы размæ расидт æрцыд Хуссар Ирыстоны Демократон республикæ Советон цæдисы сконды

ЦХИНВАЛ, 18 сен — Sputnik. Ирон адæмæн 20 сентябры рахæсгæ уынаффæ уыд сæ хъысмæты æппæты сæйрагдæр, æнæ уый нæ уаид Хуссар Ирыстон, æмæ, чизоны, Цæгат Ирыстон дæр, нымайы РХИ парламенты культурæ, ахуырад, дин æмæ ДИФ фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри.

Хуссар Ирыстоны цыппæрæмы банысан кæндзысты республикæйы бындурæвæрды бон — 28 азы размæ расидт æрцыд Хуссар Ирыстоны Демократон республикæ Советон цæдисы сконды.

Военный парад в Цхинвале: кадры торжественного марша - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд банысан кӕндзысты Хуссар Иры Республикӕйы бон

"20 сентябрь куы нæ уыдаид, уæд абон нæ уаид Хуссар Ирыстон, æмæ, чизоны, нæдæр Цæгат Ирыстон. Уæды рахæсгæ уынаффæтæ иууылдæр дзуапп лæвæрдтой æхсæнадæмон закӕттӕ ӕмӕ барадон нормæтæн. Зæгъгæ уӕд нӕ политиктӕ иунæг къахдзæф дæр раст нæ сарæзтой, уæд абон махӕн нӕ сӕр нӕ кой уаид ныгуылӕйнаг политикӕйы ӕндӕвдадӕй. Æмæ, æгæрыстæмæй, нæ уыдаид 26 август дæр", — загъта депутат.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, "20 сентябрӕй фæстæмæ политикон къахдзæфтæ раст куы нæ арæзтаиккам, уæд абон нӕ политикон хъысмӕт дзырдтаг уаид æнæхъæн дунейы".

"Абон ӕнæхъæн дуне, Америкæйæ зæгъай æмæ суанг Ныгуылæн Европӕйы онг фæдисы хъæр кæнынц, ома Уӕрӕсе мах, Хъырым æмæ Донбассы оккупаци сарӕзтой. Хорз æй зонынц, Хъырым Уæрæсейы зæхх кæй у, кæй ауагътой референдум æмæ адæмы кӕй фæнды Уæрæсеимæ. Хуссар Ирыстоны дæр августы хæст чи райдыдта, уыдон се ʿппæт дæр хорз зонынц, фæлæ сæ уæддæр хъæуы ʿфсон", — бафтыдта политик.

Ног хабӕртты лентӕ
0