Цхинвалы бакодтой молекулярон иртӕстыты лаборатори

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы бакодтой молекулярон иртӕстыты лаборатори
Цхинвалы бакодтой молекулярон иртӕстыты лаборатори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног лаборатори ратдзӕн фадат сбӕрӕг кӕнын инфекци хӕсджыты раг стадийыл, афтӕ ма генетикон ӕмвӕзадыл дӕр – ДНК ӕмӕ РНК

ЦХИНВАЛ, 19 сен — Sputnik. Цхинвалы фӕлхасгӕнджыты барадтӕ хъахъхъӕнын ӕмӕ адӕмы хӕрзвадатмӕ хъусдарды комитеты базӕйыл байгом ис молекулярон иртӕстыты лаборатори (ПЦР-диагностикӕ). Бӕрӕгбонон церемонийы хайад райста президент Бибылты Анатолий, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Комитеты сӕрдар Коцты Марина банысан кодта, зӕгъгӕ, мадзал нывонд у республикӕ Хуссар Ирыстоны расидты боныл 28 азы сӕххӕсты цытӕн.

"Мах бакодтам лаборатори республикӕйы къухдариуӕгад ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийӕ коллегӕты ӕххуысы руаджы, афтӕ ма нӕ кусджыты уӕззау куысты фӕрцы дӕр", — банысан кодта уый.

Коцты Марина банысан кодта, ПЦР-диагностикӕйы фӕрцы кӕй уыдзӕн фадат сбӕрӕг кӕнын инфекцион низтӕ хӕссӕг бактериты раг стадийыл.

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы бакодтой молекулярон иртӕстыты лаборатори
Анатолий Бибилов принял участие в церемонии открытия ПЦР-лаборатории - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы бакодтой молекулярон иртӕстыты лаборатори
Афтӕ ма-иу анализты фӕстиуджытӕ ратдзысты цыппар бонмӕ нӕ, фӕлӕ иу бонмӕ.

Президент банысан кодта, лабораторийы баконд кӕй у тынг ахсджиаг цау.

"Сымах аргъ кӕнут продуктты ӕмӕ доны гъӕдӕн, ӕмӕ ПЦР-лабораторийы баконд ратдзӕн фадат бӕрӕг кӕнын ноджы фылдӕр низтӕ", — загъта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0