Хуссар Ир нысан кæны Республикæйы бон

© Sputnik / Алексей КовалевДень республики
День республики - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæйраг бæрæгбæттæй иу баст у областон парламенты депутатты уынаффæимæ, кæцы 28 азы размæ расидт Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстон Советон Цæдисы сконды

ЦХИНВАЛ, 20 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстон цыппæрæмы 28 хатт нысан кæны Республикæ расидыны бæрæгбон. 1990 азы 20 сентябры автономон областы адæмон депутатты совет суынаффæ кодта автономон областы статус фæбæрзонддæр кæнын æмæ йæ рацаразын Советон демократон республикӕ Хуссар Ирыстонмæ Советон Цæдисы сконд. Ацы скъуыддзаг ссис фыццаг къахдзæф хæдбардзинад æмæ æхсæнадæмон нымадмæ фæндагыл.

Армукъа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрмдæсныты армукъа-равдыст ацæудзæн Цхинвалы

Дæргъвæтин тох хæдбардзинады сæрвæлтау балхынцъ ис 2008 азы хæстæй æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы 'рдыгæй банымадæй. Уæрæсейы фæстæ уый бафæзмыдтой ноджы цалдæр бæстæ — Никарагуа, Венесуэла, Науру æмæ Сири.

Республикæ расидыны бæрæгбон традицимæ гæсгæ банысан кæндзысты æфсæддон парадæй столицæйы централон фæзуаты, уый фæстæ райдайдзæн "бæгæныйы бæрæгбон"- зындгонд ирон нозты фæндзæм æхсæнадæмон фестиваль-конкурс.

Абон ма сæйраг фæзуаты хъæууон хъæдзарад æмæ сæудæджерадон равдыст "Нартон къуым"-ы фенæн уыдзæн, цæмæй хъæзныг у Ирыстон, уый.
Къостайы скверы æрбакæндзысты æрмдæсныты армукъа-равдыст "Сæндидзæн".

Балхынцъ уыдзæн бæрæгбон фейерверкæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0